Ираклий Къобахидзе – Гуырдзыстоны алы процесс у æргом, гом стæм дискуссимæ, æххæст бар нын ис æнæхицауадон организацитæй æркурæм æргомдзинады минималон стандарт
«Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон æмбæлон у алы сæйраг принципмæ. Æргомдзинадæн альтернативæ нæй демократон паддзахады æмæ мæн уый фидар уырны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, Германийы Федералон канцлер Олаф Шольцимæ иумæйаг прессконференцийыл райхъусын кодта.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, цъус рæстæг размæ æргомдзинады фæдыл закъонопроектимæ сразы ис Еврокомисси дæр.
Уыимæ, Гуырдзыстоны премьер-минстры дзырдæй, иунæг, кæцыйы йæ хъуыдыйы дары закъонопроект, у æнæхицауадон организациты æрдгæй финансты æрвылазонæй раргом кæнын æмæ ныры онг нæ бантыстис уый аргументацидзинад, ацы æнæхицауадон организациты æрдгæй æргомдзинады принцип цæмæн ма хъуамæ уа хъахъхъæд.
«Гуырдзыстоны премьер-министрæй цы снысан дæн уый фæстæ, алы уынаффæ Гуырдзыстоны хицауады публикацигонд уыд, сегасдæр нысаниуæгджын та Гуырдзыстоны хицауады амалхъомдзинады тыххæй. Фæнысангонд аууæлтты махæн ис бар æнæхицауадон организацитæй æрмагомдзинады цæстæнгасæй минималон стандарттæ.
Æнæхицауадон организацитæ, кæцытæ фæсарæйнаг бæстæйы интересæй архайынц, æххæс кæнынц бæрæг къахдзæфтæ æмæ 2020 азы фæстæ нырид уыдис архайды дыууæ цау, цæмæй хицауад ивд æрцыдаит парламентон демократон æвзæрстыты нæ фæлæ уынгтæм рацыдты фæндагæй. Финансдзинад фæстаг азты дæргъы æрцыд, уый нымæцы æнæлегалон фæндæгтæй, кæцы фæстаг периоды сты æнæлегалон практикæйæ. Уынæм цæмæй не сты интересджын ацы организацитæ, публикаци скæной хыгдлæвæрдтæ, йæ къух аразынц дзыллæй поляризацийæн. Гуырдзыстоны алы процесс у æргом, мах стæм æргом дискусситæмю Ганс Кензель иу хатт банысан кодта, цæмæй амалхъом демократи хъуамæ æнцойæвæрд уа барадыл. Хæдæгай, æз Германийы сахуыр дæн æмæ уырнæг дæн фæнысангонд закъон æргомдзинады фæдыл, йæ къух сараздзæн фидар, бындурæвæрд, фундаментон демократи саразынæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.