Ираклий Къобахидзе - Гуырдзыстон фылдæр кæны йæ роль  Европæ æмæ Азийы æхсæн стратегион бастдзинады,  Китайимæ æмкуыстдзинад аразы ног гæнæнтæ, фидар кæны экономикон æнæфæцудгæдзинад
Ираклий Къобахидзе - Гуырдзыстон фылдæр кæны йæ роль Европæ æмæ Азийы æхсæн стратегион бастдзинады, Китайимæ æмкуыстдзинад аразы ног гæнæнтæ, фидар кæны экономикон æнæфæцудгæдзинад

Китайы  8-æм æппæтдунеон импорты райтыгъд  йæ бындурæвæрдæй фæстæмæ  ссис нысаниуæгджын платформæ базарады фæтыхджындæр кæнынæн, партнердзинад парахат кæнынæн æмæ инновацион æскъуыддзæгты парахат кæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, Китайы æппæтдунеон импорты райтыгъды  байгом кæныны церемонийы ныхасы рæстæджы расидтис.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй  райтыгъд ахъаз кæны фылдæр гом æмæ æнæфæцудгæ дунеон экономикæйы сырæзтæн.

“Райтыгъд уынын кæны Китайы иузæрдæдзинады демонстраци æппæтдунеон æмкуыстдзинады æмæ иумæйаг рæзты æрдæм ног фадатты сарæзты фæндагæй. Китай æмæ Гуырдзыстоны æмкаддзинад æмæ æууæнкдзинадыл бындурæвæрд æмкуыстдзинад даргъ рæстæджы дæргъы бæтты кæрæдзиимæ. Стратегион партнерады бындурæрд  нæ æммахастыты ног этап байгом кодта. Иумæ раразмæ кодтам сабырад, стабилондзинад æмæ фарн, нæ иумæйаг нысæнттæ сæйраг фарстаты фæлгæтты. Гуырдзыстон фылдæр кæны йæ роль Европæ æмæ Азийы æхсæн стратегион бастдзинады, Китайимæ æмкуыстдзинад аразы ног гæнæнтæ, фидар кæны экономикон æнæфæцудгæдзинад” -расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр.