Ираклий Къобахидзе - Гуырдзыстон дунейы 200-йæ фылдæр олимпион командæйы æхсæн 14-æм бынатыл ис, кæцы стыр æнтыст у нæ чысыл бæстæйæн, бузныг уый тыххæй Олимпион командæйы алы уæнгæн
Ацы рæстæгмæ нæ бæстæ дунейы 200-йæ фылдæр олимпион командæты æхсæн ахсы 14-æм бынатыл, кæцы нæ чысыл бæстæйæн у стыр æнтыст, æмæ уый тыххæй бузныг зæгъæм Олимпион командæйы алы уæнгæн дæр, – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе абоны хицауады æмбырд.
Хицауады сæрдар ноджы иу хатт раарфæ кодта Бекаури Лашайæн Олимпион хъæзтыты сыгъзæрин майдан, Тато Григалашвилийæн та олимпиаг æвзист майданы фæдыл. Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй абон ерыс кæндзысты дыууæ гуырдзиаг олимпиаг, дзюдоист Илья Суламанидзе æмæ боксер Лаша Гурули æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.
«Знон Олимпиадæйы нæ равдыст уыд тынг æнтыстджын. Фæнды мæ ноджы иу хатт раарфæ кæнон Бекаури Лашæйæн йæ дыккаг олимпион сыгъзæрин майданы фæдыл, Лаша йæ дзырд æххæст кæны, æртæ азы размæ нын зæрдæ бавæрдта, æртæ олимпиаг сыгъзæрин кæй рамбулдзæн, æмæ ныридæгæн знон рамбылдта дыккаг сыгъзæрин. Фæнды мæ раарфæ кæнын уымæн æмæ æнæхъæнæй дæр нæ бæстæйæн ацы æнахуыр æнтыстдзинады тыххæй. Афтæ дæр ноджы иу хатт раарфæ кæнон Тато Григалашвилийæн олимпиаг æвзист майданы фæдыл Ныртæккæ нæ бæстæ 200-йæ фылдæр бæстæйы æхсæн Олимпион командæйы сконды 14-æм бынатыл ис, кæцы стыр æнтыст у нæ чысыл бæстæйæн, æмæ бузныг зæгъын алы уæнгæн дæр. Олимпаг командæ уый тыххæй. Абон ерыс кæнынц нæ олимпиадæгтæй дыууæ — Илья Суламандизе дзюдойæ, стæй боксер Лаша Гурули. Дыууæйæн дæр ис иттæг хорз гæнæнтæ æмæ мæ фæнды дыууæйæн дæр, афтæ дæр æнæхъæн командæйæн иннæ бонты æнтыстдзинæдтæ ракæнын», – райхъусын кодта премьер-министр.