Ираклий Къобахидзе – Гуырдзыстон æмæ Азербайджан бирæ хатт сбæлвырд кодтой, æууæнкджын партнертæ кæй стæм, уый нымæцы æхсæнадæмон энергетикæ æмæ транспорты проектты
Ираклий Къобахидзе – Гуырдзыстон æмæ Азербайджан бирæ хатт сбæлвырд кодтой, æууæнкджын партнертæ кæй стæм, уый нымæцы æхсæнадæмон энергетикæ æмæ транспорты проектты

Абоны фембæлды рæстæджы деталонæй æруынаффæ кодтам дыууæфарсон æммахастытимæ баст фарстатыл, афтæ дæр æнæхъæнæй Хуссар Кавказы регионы фидæныл – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ брифингыл расидтис.

Хицауады сæргълæууæг фылдæр хъусдард аздæхта Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн цæугæ сабырадон процессыл.

«Ацы контексты мах фæнды ноджы иу хатт райгонд уæм Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн цæугæ сабырадон процессæн.Гуырдзыстон фидарæй йæ фарсыл хæцы регионы сабырадон æмцæрды, конструктивон æмкуыстдзинад æмæ ног инициативæтæн.Мах кæддæриддæр цæттæ стæм нæ позитивон хайбавæрд бахæссæм ацы ахастыты рæзынадмæ, кæд æмæ бахъæуа, уæд.Цæттæ стæм диалог æмæ сабырадон процессы парахат кæнынмæ.

Цæгат Кавказы бæстæты ‘хсæн нæ æмгуыстад æнæхъæн регионæн дæр аразы ног перспективæтæ. Мах нæ цæст дарæм дунеон политикон ивæндзинæдтæм, æмæ уыцы ивæндзинæдтæ ноджы фылдæр кæнынц Астæуккаг къæлидоры, уыцы нымæцы Сау денджыз æмæ Хуссар Кавказы нысаниуæг, куыд стратегион фæзуат.

Нæ бæстæтæ, куыд Ази æмæ Европæйы иугæнæг хидтæ, ахсынц сæйраг роль бастдзинады æрдгæй, æмæ ацы контексты мах сæрмагонд нысаниуæг дæттæм транспортон æмæ логистикон инфраструктурæйы рæзт æмæ модернизацийæн.

Гуырдзыстон æмæ Азербайджан Бирæ хатт сбæлвырд кодтам, цæмæй стæм æууæнкджын æмæ бæрнон партнертæ, се æхсæн æхсæнадæмон энергетикæйы æмæ транспортон проектты» – расидтис премьер-министр.