Ираклий Къобахидзе - Гуырдзиаг наудзогты куыстæй, Гуырдзыстон Сау Денджызы регионы  лидер бæстæйæ  ссис,  рæзы  денджыздзæуджыты индустрийы  Гуырдзыстоны  паддзахадон тырысайы  авторитет дæр
Ираклий Къобахидзе - Гуырдзиаг наудзогты куыстæй, Гуырдзыстон Сау Денджызы регионы лидер бæстæйæ ссис, рæзы денджыздзæуджыты индустрийы Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы авторитет дæр

Уникалон у  денджызы цæуыны  æмæ  алы  наудзогы  роль Гуырдзыстоны  æнæцудгæ экономикон  райрæзтæн,  æнæхъæнæй  нæ бæстæйы стынг кæнынæн, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе   денджыздзæуджыты æхсæнадæмон  бонмæ гæсгæ  мадзалыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Премьер куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстоны хицауад абоны онг æнæиу  къахдзæф сарызта,   цæмæй   бæрзонд  аргъ скодтаит    денджыздзæуджытæн,  денджызон сферæйы райтынгæн æмæ  стынг кнынæн,  денджызон секторы   фылдæр   æдас  куыст  бынатæй скæнынæн.

«Ацы процесс  дарддæр кæны; иууыл тагъд  фыццаг  июлæй йæ тыхмæ бахиздзæн закъон, «Денджыздзæуджыты фæллойады фæдыл», кæцыйæ  ноджы хуыздæр  срегулир уыдзæн   наудзогты   фæллойад æмæ социалон уавæртимæ,  æдадсзинадимæ  баст фарстатæ, паддзахад  эффективонæй дæр  бафæрадзæн   бахъахъхъæна   Гуырдзыстоны кæнæ кæцыфæнды æндæр   паддзахадон  тырысайы бын ленккæнæг   наутыл  кусæг нæ  денджыздзæуджыты  бартæ  æмæ интерестæ», – райъхусын кодта премьер-министр.