Ираклий Къобахидзе - «Гуырдзиаг Бæллицц» кæронмæ æххæст кæны 19 апрелы бадзырд, адарддæр кæндзæн ацы ахаст æмæ принципæй архайын
Ираклий Къобахидзе абоны брифингыл Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнждыты сывзæрсты фарсты фæдыл политикон советы позициты тыххæй фæныхас кодта.
Къобахидзе куыд банысан кодта, афтæмæй, зæгъгæ цæугæ азы марты активон бадзырдтæ уыд æхсæнадæмон партнертимæ æмæ политикон партитимæ политикон фидыды аппы алыварс.
Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты сывзæрсты процессы фæдыл уыдис разыдзинад, ома процедурæ ногæй æркастаиккам Венецийы Комиссийы рекомендацитæм æмбæлгæйæ. Ацы рæстæджы ивд законыл æнцойæ, уæлдай кандидаттæм уыдаит лæвæрд куырдиат бавдисыны фадат æмæ æрмæст уый фæстæ адарддæр уыдаит кандидатты æвзæрсты процесс.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, фæнысангонд текстмæ æмбæлгæйæ архайын «Гуырдзиаг Бæллицц» нырма документ бафыссыны агъоммæ, марты райдыдта æмæ Гуырдзыстоны парламентæн æмбæлгæ закъонопроект инициативæйы уагæй 24 марты бавдыстæуыд. Уый тыххæй дæр Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, парламенты фидаргонд закон лæмбынæгæй æвдисы Венецийы Комиссийы рекомендацитæ.
«Уымæ нæкæсгæ, Гуырдзыстоны парламент политикон фидыды проектæй бæрæг алы домæн 19 апрелы онг сыххæст кодта, 31 марты публикацигонд текст 19 апрелы къухбафыст фидыды æнæивгæйæ баззад. Ацы æмæ уый æнгæс æндæр аууæлтты фæдыл «Гуырдзиаг Бæллицц» фехъусын кодта æхсæнадæмон партнертæн, кæцытæй нæм уыд куырдиат, 19 апрелы бадзырдыл уæлдай ивддзинæдтæй цух бафыстаиккам къух, цæмæй ма фæдырысы архæйдтыты аххосæй уæлдай политикон зындзинæдтæ ма сæвзæрдаит.
Нæ партнерты ацы куырдиат нæ зæрдыл бадардтам. Афтæмæй лæмбынæг сыххæст ис политикон бадзырды алы домæн: – Хицауады «йæхи фæурæдта» Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты зæронд уагмæ æмбæлгæйæ снысан кæнынæй; – æхсæнадæмон партнертимæ разы рекомендацимæ æмбæлгæйæ, Юстицийы Бæрзонддæр Совет баурæдта ныхасы процесс; – парламент сфидар кодта закон, кæцы лæмбынæг æвдисы Венецийы Комиссийы æртæдæр бындурон рекомендаци; – ног закъон уæлæмхас кандидаттæн дæр ратта куырдиат бавдисыны æмæ æвзæрсты процессы хайад райсыны фадат», – райхъусын кодта Къобахидзе.
Ираклий Къобахидзе куыд райхæлдта, уымæ гæсгæйæ фæнысангонд аууæлæй Гуырдзыстоны парламент хæсджын у, Гуырдзыстоны конституцийы æмæ парламентон суверенитеты принципмæ æмбæлгæйæ архайын, байхъуса æмæ сæ хъæлæскæнынадмæ ракæна Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм бавдыст кандидатты.
«Гуырдзыстоны парламенты регламентæй бæрæг у кандидатты компетенцийы æмæ намысджындзинад сбæрæг кæныны прецедент цæмæн нæй ахæм æргом процедурæ. Растдæр ацы процедурæмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны парламент байхъусдзæн алы кандидатмæ æмæ рахæсдзæн уынаффæтæ сæ снысан кæныны фæдыл.
Уымæ нæкæсгæ æмæ æхсæнадæмон партнерты куырдиаты ныхмæ, астæй цыппар барьерыл ахизæг оппозицион парти, оппозиционер парламентарты æрдæгæй фылдæр бадзырдыл къух нæ бафыстой, «Гуырдзиаг Бæллицц» у æмæ базайдзæн бадзырды æмзæрдæ æмæ сифтонг кæндзæн йе мбæлонæй сæххæст. Куыд æй уынут, афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллицц» кæронмæ æххæст кæны æмæ адарддæр кæндзæн ацы ахаст æмæ принципæй архайын», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.