Ираклий Къобахидзе - гуырдзиаг æмæ америкаг фарсы æхсæн коммуникаци майы кæронмæ фæарфдæр уыдзæн, америкаг фарсимæ конкретон боны фæткыл бадзырдтам
Гуырдзиаг æмæ америкаг фарсыты æхсæн коммуникаци майы кæронмæ фæарфдæр уыдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис бæлвырд нывæзттæ.
«Майы кæронмæ, фендзыстут конкретон фæстиуджытæ конкретон здæхтыты.Коммуникаци сырæздзæн.Цы, куыд, ацы хъуыддаджы фæдыл лыстæгдзинæдтæ мæ бон нæу зæгъын, фæлæ фендзыстут, цæмæй гуырдзиаг æмæ америкаг фарсыты æхсæн коммуникаци майы кæронмæ фæарфдæр уыдзæн» – расидтис премьер-министр.
Фарстæн: «Уыдис æмгъуыд апрелы кæронмæ, Каха Къаладзе уый фæдыл расидтис» – дзуапп ратта премьер-министр.
«Æз ацы æмгъуыд нæ снысан кодтон, мæ бон нæу уын зæгъын. Нæ зонын, гæнæн ис æмæ Каха Каладзе æппæт уыдæттæ загъта конкретон контексты. Æз ахæм æмгъуыд нæ загътон. Махæн ис конкретон боны фæтк, кæцыйыл сразы сты америкаг фарсимæ, цалдæр коммуникаци сырæздзæн майы кæронмæ. Ацы цауы æз конкретонæй зæгъын майы мæй. Æз уын нæ зæгъын апрелы».