Ираклий Къобахидзе Германийы Бундестагы президент Бербел Бассимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Германийы Бундестагы президент Бербел Бассимæ фембæлдис.
Премьер-министры пресскуысты хъусинагæй, фембæлды сæйраг темæтæ уыд Гуырдзыстон-Германийы дыууæфарсон ахастыты райтынгы позитивон динамикæ æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты, сæ нымæцы дыууæ бæстæйы закъондæттæн оргæнты æхсæн уæвæг æнтыстджын æмгуыстад.
«Премьер-министр Ираклий Кобахидзе бахахх кодта Германийы фидар фарсхæцын бæстæйы æддагон политикон приоритетты, европаг æмæ евроатлантикон структурæты Гуырдзыстоны уæнгсуæвынæн æмæ ныфс равдыста, цæмæй Германи ацы фæндагыл Гуырдзыстонæн фарсдарын фидæны дæр адарддæр кæндзæн.
Фæнысан ис дыууæ бæстæйы закъондæттæг оргæнты æхсæн уæвæг активон æмæ æнтысджын æмгуыстад æмæ æхсæнпарламентон цæдисты дарддæр фæарфдар нысаниуæг.
Хицауады сæрдар Германийы бундестагы прездентæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæнзинады æмæсуверенитетæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта», – банысангонд у информацийы.