Ираклий Къобахидзе –фыдгæнджытæ Европæйы масштабæй уæгъдибар змæлды фадатæй куы пайда кæнынц, семæ  куы фембæлынц Брюсселы æмæ Берлины, уый   нæрайсгæ у, ууыл реагиркæнын æнæмæнгхъæугæ  уыд
Ираклий Къобахидзе –фыдгæнджытæ Европæйы масштабæй уæгъдибар змæлды фадатæй куы пайда кæнынц, семæ куы фембæлынц Брюсселы æмæ Берлины, уый нæрайсгæ у, ууыл реагиркæнын æнæмæнгхъæугæ уыд

Нæрайсгæ  у, цæмæй  зылынджынтæ  пайда кæнынц  уæгъдибар дыууæрдæм змæлды фадатæй   Европæйы масштабæй  æмæ семæ æмбæлынц  Брюссел æмæ Берлины, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе   райхуъсын кодта.

Къобахидзейы дзырдæй,  зæггæ  ууыл реагир кæнын æнæмæнгхъæугæ уыд.

«Махæн иттæг   нысаниуæгджын уыд  реагир кæнын уыцы визитыл, кæцы  сыххæст  ис  куыд Брюсселмæ, афтæ Берлинмæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы  махæн  нæрайсгæ у, цæмæй  зылынджынтæ  пайда кæнынц  уæгъдибар дыууæрдæм змæлды фадатæй   Европæйы масштабæй  æмæ фыдгæнджытимæ, ахæм адæймæгтимæ, кæцыты багæды кодтам  тынг уæззау  фыдракæндты,  æмбæлынц  Брюсселы æмæ Берлины. Уыдæттыл реагиркæнын æнæмæнгхъæугæ уыд.

Бакой уын кæндзынæн, Зураб Адеишвили  тæрхонмæ лæвæрд у  бирæ  фыдракæнды тыххæй.  Уый æддæмæ ма йын бавдыст ис  дыууæ уæлæмхас  аххосаг.   Уый у иттæг уæззау  фдаркæндтæ,к æцытæ  баст сты бизнесы рекеты, телеуынынадты  хибакæнын, адæймæгты  хъизæмаримæ, æбуалгъ  тыхмидзинадимæ.   Адон сты тынг уæззау фыдракæндтæ.  Махæн категорионæй нæрайсгæ у, адæймаг куы ис делегацийы  сконды Брюсселы, Берлины.  Кæй зæгъын æй хæъуы  ахæм факттæ æппæрццагæй фæындзысты  дзыллæйы ахастыл  Европаг бюрокартимæ. Гуырдзиаг дзыллæйы  хъуамæ уырна, цæмæй европаг  бюрокарти у  ахæм принциптыл  æмæ идеалты  иузæрдыг, цахæмдæр сты   барадон   паддзахад, рæстдзинады  бæрзонддæрдзинад æмæ а.д.  уымæ гæсгæ дæр, махæн ацы фактыл  реагиркæнын иттæг нысаниуæгджын уыд, уыдзæн æмбæлгæ коммуникаци, куыд  Евроцæдисы, афтæ  Германийы   хицауады минæвæрттимæ, цæмæй ацы  фарста æмбæлгæйæ  алыг уа» –  загъта Къобахидзе.