Ираклий Къобахидзе – фыццаг фронт куы фæуыдзæн, уæд фæуыдзæн дыккаг фронты интерес Гуырдзыстонмæ, кæцы баххуыс кæндзæн Евроцæдис æмæ АИШ-имæ ахастытæ сног кæнынæн
Куыддæр фыццаг фронт фæуыдзæн, афтæ æвæстиатæй фæуыдзæн дыккаг фронты интерес Гуырдзыстонмæ, кæцы ахъаз уыдзæн Гуырдзыстон-Евроцæдис æмæ Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастыты сног кæнынæн, – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Украинайы хæсты фæуды фæстæ, Гуырдзыстоны бынтон æндæр уавæр уыдзæн.
«Куыддæр Украинайы хæст фæуыдзæн, уый фæстиуæгæн бынтон æндæр уавæр æрцæудзæн. Уый тыххæй дæр уæлдай хъусдард нæ аздахдзынæн рæстæгмæйы цаутæм, зæгъæм, Европарламенты резолюцимæ. Нæ хæс у ахастытæ сног кæнын æмæ уый æнæмæнгæй æрцæудзæн фидæн азы. Украинайы хæст у сæйраг аххосаг, цæмæй конкретон тыхтæн æндæр æмæ æндæр интерестæ ис Гуырдзыстоны. Куыддæр дыккаг фронт фæуыдзæн, афтæ дыккаг фронты интерес Гуырдзыстонмæ уайтагъд фæуыдзæн. Уый фæахъаз уыдзæн Гуырдзыстон-Евроцæдис æмæ Гуырдзыстон-АИШ-ы æммахастыты сног кæнынæн», – расидтис Къобахидзе.