Ираклий Къобахидзе  фембæлдис Швейцарийы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлдис Швейцарийы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  Гуырдзыстоны  Швейцарийы  Конфедерацийы  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Хайди Грауимæ фебмæлдис.

Премьер-министры  пресскуысты  информацийæ, фембæлдыл  Гуырдзыстоны æмæ Швейцарийы  æхсæн ахастытæ  æмæ æмгуыстады  фидæнон  перспективæтæ  æркастысты.

Бахахх ис   Гуырдзыстоны  æмæ Швейцарийы  Конфедерацийы æхсæн  æнгом æмæ  хæларон ахастытæ куыд  дыууæфарсон афтæ   бирæфарсон  форматты.

Хъусдард здæхт уыдис  Швейцарийы  райрæзты æмæ  æмгуыстады  агентады  (SDC) бирæазон  æнтыстджын æмæ  эффективон  æмгуыстадмæ. Банысан ис цæмæй агентад  йæ куыстæй   азты дæргъы  нысаниуæгджын  хайбавæрд скодта Гуырдзыстоны социалон-экономикон æмæ   демократон  трансформацийы.

Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон  аргъ кæны  Швейцарийы нысаниуæгджын  ролæн  Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы Федерациимæ æхсæн   Тбилис æмæ Мæскуыйы   æхсæн дипломатон ахастытæ  аскуыныны фæстæ.  Премьер-министр Хайди  Грауйæн   раарфæ кодта  Швейцрийы хъæддых  фарсхæцыны тыххæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.