Ираклий Къобахидзе фембæлдис OSCE-ы Демократон Институтты æмæ ODIHR-ы цæстадрæг мисситы минæвæрттимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе ЕÆÆО-йы демократон институтты æмæ адæймагы барты фарстаты офисы (ODIHR) æвзарæнон цæстдарæг миссийы минæвæрттимæ фембæлд. Информаци парахат кæны хицауады администраци.
Сæхи информацимæ гæсгæ, хицауады администрацийы арæзт фембæлдыл, ныхас 26-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл баххæсыд.
«Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, хицауад цæттæ у, раздæры азты хуызæн, алцыппæт саразын, цæмæй уагъд æрцæуой сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ. Уый тыххæй æвзæрстытæм цæст дарынмæ æрбахуыдтой къорд авторитетон æхсæнадæмон организациты куыд цыбыр æмгъуыдмæ, афтæ дæргъвæтин æмгъуыдмæ мисситы дæр. Ираклий Къобахидзе ноджы иу хатт сбæлвырд кодта цæттæдзинад гом æмæ активон æмкуысткæнынадмæ дунеон цæстдарджытимæ.
Æрныхас кодтой æвзæрстыты агъоммæ уавæрыл. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй æвзарæнон уавæр у сæрибар æмæ конкурентон, кæцы сбæлвырд ис ОБСЕ-ОДИР-ы публикацигонд хыгъдлæвæрдæй.
Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, политикон процессты радикализаци оппозицийы боны фæткы баззад, фæлæ æмткæй райсгæйæ, æвзарæнон процесстæ æнæниз уавæры сырæздзæн æмæ æппæт раздæры æвзæрстытимæ абаргæйæ, ацы æвзарæнон процесс цæуы æппæты сабырдæр уавæр.
Премьер бахахх кодта æхсæнадæмон цæстдарæн мисситы объективон аргълæвæрды нысаниуæгдзинад æмæ банысан кодта, цæмæй хицауад куыд гæнæн ис афтæ гом у 26 октябры æвзæрстытæм цæстдардæн, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ ацæудзысты рæстадон, сæрибар æмæ конкурентон уавæры», – ис фыст информацийы.