Ираклий Къобахидзе фембæлдис Китайы делегациимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлдис Китайы делегациимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, Китайы Адæмон Республикæйы  делегациимæ фембæлдис, кæцыйæн  къухдариуæг кæны  хицаугæнæг партийы  æхсæнадæмон  ахастыты министры хæдивæг  Чен Чъоу.

Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, фембæлдыл бахахх ис  Гуырдзыстоны æмæ Китайы Адæмон Республикæйы  æхсæн  уæвæг  фæстиуæгджын  политикон   æмæ  экономикон æмгуыстад.

«Фæнысан ис, цæмæй ивгъуыд  азы  дыууæ бæстæйы æхсæн  бафыст стратегион  партнерады фæдыл бадзырд дыууæфарсон  ахастыты ноджы  стынгдæр кæнынæн уыдзæн ахъаззаг.  Хъусдард здæхт уыдис  æндæр æмæ æндæр  æрдæм, уый ынæмцы  базарадон-экономикон  сферæйы  партнерады дарддæр фæарфдæры  перспективæтæм. Премьер-министры аргълæвæрдæй, ацы æрдгæй, афтæ  куыд  туризмы  сферæйы æмгуыстады, бизнесы æмæ адæмты æхсæн  цæдисты æрдгæй   стыр нысаниуæг ис  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн Китайимæ æнæвизæ  дыууæрдæм змæлдыбадзырдæн, кæцы  цалдæр боны  размæ официалонæй  бафыстæуыд.  Ираклий Къобахидзе  Китайы  Адæмон Республикæйы делегацийæн  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæ æм  суверенитетæн  фарсдарыны тыххæй  раарфæ кодта æмæ ноджы иу хатт  равдыста  фарсхæцын  Иугонд Китайы  принципæн», – банысангонд у  Гуырдзыстоны  хицауады  информацийы.