Ираклий Къобахидзе фембæлдис Азербайджаны  Республикæйы æдасдзинады советы нымæрдаримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлдис Азербайджаны Республикæйы æдасдзинады советы нымæрдаримæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе  Азербайджаны  Республикæйы æдасдзинады  советы  сæрдар, Рамил  Усубовимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны хицауады администрацийы информацийæ, фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ Азербайдажны  æхсæн дыууæфарсон  æмæ  бирæфарсон   форматты  æмгуыстады  фарстатæ  æркастысты.

Фебæлдыл бахахх ис  регионы   стабилондзинады æмæ дæргъвæтин  сабырады   нысаниуæг.  Ныхас уыд   бæстæты  æхсæн   уæвæг   хъæддых  стратегион партнерад æмæ  регионон проекттыл.

Гуырдзыстоны  хицауады сæрдар  Азербайджаны  фарсæн   бузныг загъта   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ фарсхæцыны тыххæй. Уыимæ ма,  банысан кодта  Гуырдзыстоны   хъæддых фарсхæцын   Азербайджаны Республикæйы территорион æнæхъæндзинадæн.