Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Латвийы Республикæмæ официалон визит райдыдта.
Визиты фæлгæтты фыццаг фембæлды Ираклий Къобахидзейы сарызта бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министримæ Эдгарс Ринкевичимæ.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ, фæрстæ бæстæты æхсæн къуындæг хæларон æмæ политикон ахастыты фæдыл фæныхас кодтой.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, министрæн Латвийы бархионы расидынæй 100 азы сæр раарфæ кодта.
Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, Латвий Гуырдзыстонæн у ахæм иузæрдыг хæлар кæцы хицæн кæны иннæтæй æмæ гуырдзиаг адæм латвиæгты æххуысæн тынг кад кæны. Банысан ис, цæмæй бæтсæты æхсæн уæвæг фидар хæларон ахастытыл амоны бæрзонд æмвæзады визиттæ дæр.
Фæрстæ бæстæты æхсæн æндæр æмæ æндæр ардæмадæй, уый нымæцы æхсæнпарламентон, экономикон, ахуырады æмæ культурæйы къабазты æмгуыстады фæарфдæр кæныны фæдыл æрныхас кодтой.
Сæ аргълæвæрдæй, Гуырдзыстон æмæ Латвий бирæфарсон форматты активонæй æмгуыст кæнынц æмæ æхсæнадæмон форматы тыхархайды координаци хъуамæ адарддæр уа динамионæй.
Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы процессыл ныхасы рæстæджы, Эдгарс Ринкевич сбæлвырд кодта, цæмæй Латвий у нæ бæстæйы ныгуылæйнаг тырнынадты активон фарсхæцæг.
Фæрстæ æркастысты, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты сырæзт уæззау гуманитарон уавæр.
Эдгарс Ринкевичы фидиуæнæй, Латвий хъæддыхæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.