Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Китайы Адæмон Республикæйы премьер-министр Ли Цяньимæ фембæлд.
Хицауады сæргълæууæг бузныг расидтис Ли Цяньæн Китайы æхсæнадæмон импортон равдысты байгом кæныны церемонимæ хуынды тыххæй æмæ бахахх кодта Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн стратегион партнерады размæцыды позитивон динамикæ æмæ дыууæфарсон ахастытæ.
Банысангонд æрцыд æнтыстджын æмархайд базарад æмæ экономикæйы, туризмы æмæ технологиты фадгуыты. Фарсытæ бахахх кодтой «Рон æмæ фæндаг»-ы инициативайы фæлгæтты æмкуысткæнынад æмæ Астæуккаг къæлидоры райрæзты нысаниуæгдзинад.
«Китай ис Гуырдзыстоны цыппар стырдæр базарадон партнеры æхсæн.Сæрибар базарады бадзырд нысаниуæгджынæй ахъаз кодта дыууæфарсон базарады рæзтæн.Гуырдзыстоны экспорт Китаймæ нысаниуæгджынæй фæфылдæр ис.Ныфсдæттæг у уæзты зилдухы рæзгæ тенденци дæр.2025 азы январ-августы Китайæ æмæ Гуырдзыстоны астæуккаг коридоры уылты контейнерты нымæц 60 процентæй фæфылдæр ис. ивгъуыд азы уыцы иу периодмæ цæттæ стæм æмгуыстад фæарфдæр кæнынмæ, цæмæй ноджы фæбæрзонддæр уа транспортон змæлд Гуырдзыстоны уылты Ацы æнтыстытæм гæсгæ, инвестицион сектор баззад иуæй-иу нысаниуæгджын здæхтæй, кæцыйæн ис стыр потенциал 2025 азы фыццаг дыууæ кварталы дæргъы, Китайы æрдыгæй Гуырдзыстонмæ инвестицитæ уыдысты 7,43 милуан АИШ доллары, кæцы фаронимæ абаргæйæ 29 процентæй фылдæр у. Къобахидзе.
Китайы Адæмон Республикæйы Хицауады Сæрдар банысан кодта Гуырдзыстоны æхсæнадæмон импортон экспойы хайадисты нысаниуæгдзинад æмæ расидтис цæттæдзинад æндæр æмæ æндæр фадгуыты дывæрсыг æмкуыстдзинад ноджы фæарфдæр кæнынмæ.
«2023 азы нæ бæстæтæ сарæзтой стратегион партнердзинад, æмæ уæдæй фæарфдæр кæны кæрæдзийæн пайдайаг æмкуыстдзинад æндæр æмæ æндæр фадыджы.Китай бузныг у Гуырдзыстонæн йæ æнæзæрдæхудт хæлардзинады тыххæй.Фæнды нæ Гуырдзыстонимæ стратегион коммуникаци фæтыхджындæр кæнын, практикон æмкуыстдзинад фæуæрæхдæр кæнын æмæ иумæйаг архайды фæрцы нæ адæмæн ноджы фылдæр пайда æрхæссын», – банысан кодта Ли Цянь.
Премьер-министрты фембæлды фæстæ, Гуырдзыстон æмæ Китайы Адæмон Республикæйы æхсæн æндæр æмæ æндæр фадгуыты æмкуыстдзинады фæдыл æмбарады меморандумтæ бафыстой.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыст парахат кæны.