Ираклий Къобахидзе фембæлд Иугонд Паддзахады ног снысангонд минæваримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Иугонд Паддзахады ног снысангонд минæваримæ

Премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Иугонд Паддзахады уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гарретт Уордимæ фембæлд.

Информаци Гуырдзыстоны хицауад парахат кæны.

Сæ информацимæ гæсгæ, базонгæгæнæн фембæлдыл дискусси Гуырдызстон æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн уæвæг стратегион партнерадыл æмæ фидæны æмкуыстдзинады перспективæтыл баххæсыд.

Хицауады сæргълæууæг, Гарет Уордæн бузныг расидтис Иугонд Паддзахады, Гуырдзыстоны суверенитетæн, территорион æнæхъæндзинадæн æмæ æнæбанымайыны политикæйæн тыхджын фарсылхæцындзинадæн.