Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиевимæ фембæлд.
Лæгæй-лæгмæ фембæлд Бакуйы ИНО-йы 29-æм климаты ивды конференцийы фæлгæтты сырæзт.
Фарсытæ конференцийы хъуамæ æркæсинаг фарстатыл æмæ дыууæ бæстæйы стратегион партнерадыл фæныхас кодтой. Бахахх кодтой æнтыстджын æмархайд æндæр æмæ æндæр къабæзты æмæ бæстæты æмæ регионы рæзтæн регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм иумæйаг проектты роль.
Фембæлды рæстæджы хъусдард аздæхтой регионы æдасдзинады фарстатæм дæр. Фæрстæ сбæлвырд кодтой сæ цæттæдзинад регионы сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынæн куыд гæнæн ис, афтæ баххуыс кæнынмæ.
Ираклий Къобахидзе Ильхам Алиевы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæхуыдта.