Ираклий Къобахидзе фембæлд Беларусы минæвар, Николай Рогащукимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Беларусы минæвар, Николай Рогащукимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Белорусы республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Николай Рогащукимæ фембæлд.

Базонгæгæнæн фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Белорусы æхсæн уæвæг ахастытыл, афтæ дæр æндæр æмæ æндæр сферæты, се æхсæн базарадон, экономикон æмæ хъæууон хæдзарады æмкуысткæнынады размæцыды позитивон динамикæ æмæ фидæны перспективæтыл.

Минæвар хицауады сæрдарæн радта арфæйы фыстæг Белоруссийы республикæйы президентæй бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстытæ æнтыстджынæй ауадзыны фæдыл.

Премьер минæварæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинадæн йæ фарсылхæцындзинады тыххæй бузныг расидтис, раарфæ йын кодта Гуырдзыстоны дипломатон миссийы райдайæны тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.

Информаци Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыстуат парахат кæны.