Ираклий Къобахидзе фембæлд Aqualia æмæ GWP-йы минæвæрттимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Aqualia æмæ GWP-йы минæвæрттимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе «Aqualia» æмæ «GWP»-йы минæвæрттимæ фембæлд. Хицауады администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй уынаффæ цыд доны ресурсты стратегион æгъдауæй пайда кæныны æмæ æрдзон ресурстæй паддзахады ‘рдыгæй эффективонæй спайда кæныны фарстатыл.

«Аххæст æрцыд æнæхъæн суткæйы донифтонгад сифтонг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ уыцы нысанмæ баххæсыны тыххæй уæвæг зындзинæдтæ аиуварс кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл.Ныхас цыд фундаменталон инфраструктурæйы сног кæныны ахсджиагдзинадыл, уый нымæцы зæронд дондзæуæн системæйы раивыныл, ног сыгъдæггæнæнты арæзтад æмæ нырыккон технологитæ æххæст кæныныл.

Премьер бузныг расидтис «Aqualiaйы» минæвæрттæн бахардзгонд инвестицийы тыххæй æмæ ныфс бавæрдта паддзахады фарсылхæцындзинадæй» – банысан кодтой хицауады администрацийы пресс-куысты.