Ираклий Къобахидзе - Фашизмы сæрыл чи дзуры, уый йæхæдæг у фашизмы хайадисæг , хъагаг у уый æмæ ахæм адæймæгтæ æнæхицауадон организациты къухдариуæггæнджыты æхсæн дæр ис
Фашизмы сæрыл чи дзуры, уый йæхæдæг у фашизмы хайадисæг – уый фæдыл парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта брифнгыл,, кæцыйыл телекомпани «Рустави 2»-ы генералон директоры Ника Гварамиайы фидиуæны дзуаппæн фæныхас кодта æмæ банысан кодта ома Гварамиайы фашистон фидиуæны фæдыл, абоны онг æнæхицауадон организацитæ иу сыбыртт дæр не скодтой зæгъгæ.
«Гуырдзиаг фашизм мах ныууагъдтам ивгъуыды, 2012 азы, æмæ бæрнон стæм ууыл æмæ Гуырдзыстоны фидæны мауал ауадза уидæгтæ. 28 октябры ноджы иу хатт алчи иумæ ратдзыстæм дзуапп, Националон Змæлды истерион æмæ ницæйаг фашизмæн, схъæлæс кæндзыстæм æцæгæй дæр европæйаг, æмæ аккаг кандидатæн Саломэ Зурабишвилийæн» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
«Рустави2»-ы генералон директор Ника Гварамиа фейсбукы ахæлиу кодта пост, кæцыйы мидæг фысы: «Тыхджын хъуамæ бакъуындæг кæнæм алкæй, чидæриддæр Саломэ Зурабишвилийæн хæцы йæ фарс, финанс æй кæны кæнæ та йын кампанийы æндæр амæлттæй æххуыс кæны».
Ника Гварамиайы фидиуæнмæ гæсгæ Гуырдызстоны парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзе абон пресс-конференцийы ратта. Ираклий Къобахидзе куыд дзуры афтæмæй, Ника Гварамиайы фидиуæн зæгъгæ у æнæнтыст фашисты фидиуæн, кæцы баст у рейтингтæм гæсгæ Саломэ Зурабишвилийы бæлвырд уæлахиздзинадимæ.