Ираклий Къобахидзе – Европарламенты резолюци тæригъæддаг гæххæтты гæбаз у, уымæ гæсгæ нæ бон нæу серьозонæй аргъ скæнæм ацы документæн
«Европарламенты резолюци у хъыгаг гæххæтт, уымæ гæсгæ махæн нæ бон нæу серьозонæй саргъ кæнæм ацы документæн» – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе парламенты.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, Европарламенты резолюци хъæбæрхоры аргъ у.
«Европарламенты резолюцийы цы хъуамæ уа фыст, уый цымыдисон дæр нæу, махæн уымæн ис хъæмпы аргъ, растдæр афтæ, куыд раздæры цыппар резолюцийæн уыд ахæм аргъ. Уый у тæригъæддаг гæххæтт, уымæ гæсгæ махæн нæ бон нæу серьозонæй аргъ скæнæм ацы документæн», -расидтис премьер-министр.