Ираклий Къобахидзе – Европæйы политикон иугонды саммиты документы ныффыстæуыд  Гуырдзыстоны  тыххæй,  рабæрæг ис  сæрмагонд нысаниуæг энергетикон иукæнынады, трназитон функцйы цæстæнгасæй
Ираклий Къобахидзе – Европæйы политикон иугонды саммиты документы ныффыстæуыд Гуырдзыстоны тыххæй, рабæрæг ис сæрмагонд нысаниуæг энергетикон иукæнынады, трназитон функцйы цæстæнгасæй

Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Европæйы политикон иугонды саиты документы  æвдыст уыд ныффыст Гуырдзыстон  тыххæй. Сæрмагондæй та,  рабæрæг ис сæрмагонд нысаниуæг энергетикон  иукæнынады  æрдгæй æмæ æмтгæй зæгъгæйæ   транзитон   цæстæнгасæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  журналситæн загъта.

Хицауады сæрдар куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ  фæцис  Европæйы политикон иугонды  саммит, кæцыйыл  тынг цымидисон дискусси ацыд.

«Дискуссийы  хайад истой президенттæ, премьер-министртæ  æндæр æмæ æндæр Европаг бæстæтæй. Æнæхъæнæй  уыд   тынг  цымидисон формат. Уыди смын  дзырдæй ралæуды фадат энергетикон   иукæнынады темæйыл, кæцы  уыд ацы  саммиты  сæйраг  æркæсинаг фарстатæй  сæ иу.  Иттæг нысаниуæгджын уыд   ацы саммиты документы кæй фæзындис ныффыст Гуырдзыстоны  тыххæй. Сæрмагондæй рабæрæг ис Гуырдзыстоны  сæрмагонд нысаниуæг   растдæр энергетикон иукæнынады  æрдгæй æмæ æмтгæй  зæгъгæйæ транзитон  функцийы цæстæнгасæй», – райхъусын кодта Къобахидзе.

«Нæ бæстæ  иудадзыг  кусы, цæмæй  ноджы  фæтынгдæр кæна  сæрмагонд транзитон функци, кæцыйæн  сæрмгаонд нысаниуæг ис уыцы  геополитикон  уавæры фоныл, кæцы сæвзæрдис  Украинайы хæст райдайыны фæстæ. Ис нын тынг стыр ресурс  уый тыххæй, цæмæй   ацы æрдгæй  рабæрæг кæнæм нæ бæстæйы  функци, сæ нымæцы  Астæу Кæлидоры  инициативæйы фæлгæтты. Ууыл нын уыдис дзырд  ацы  саммиты фæлгæтты æмæ растдæр ацы  фарста уыд бавдыст  фæстагмæ  саммиты документы», – банысан  кодта премьер-министр.