Ираклий Къобахидзе Европæйы инвестицион  банкъы вице-президент, Тереза Черинскаимæ  фембæлдис
Ираклий Къобахидзе Европæйы инвестицион банкъы вице-президент, Тереза Черинскаимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлдис  Европæйы инвестицион  банкъы  (EIB) вице-президент Тереза Червинскаимæ.

Премьер-министры  пресскуысты  хъусинагæй, фарсытæ  фидæнон  æмгуыстады  ауæрæхы  фадæттæ   æркастысты, банысан кодтой EIB-ы  фархæцыны нысаниуæг бæстæйы  райтынгæн  къухацаразыны,  сæрмгаондæй  та  ставд  инфраструктурон  проектты æмæ  транспортон  секторы  æрдæм.

«Хицауады сæрдар EIB-ы вице-президентæн  бузныг загъта  уыцы æххуысы  тыххæй, кæцы Европæйы инвестицон банкъæй  æфты бæстæмæ,  стратегион  проектты  сыххæсты .

Йæхи æрдгæй Европæйы инвестицион банкъы вице-президент  цæттæдзинад равдыста, йцæмæй EIB  куыд   евроцæдисы  финансон институт, адарддæр кæна  Гуырдзыстонæн æххуыс  æндæр æмæ æндæр  æрдæм. Ныхас уыд  Гуырдзыстоны  экономикон рæзты  позитивон   бæрæггæнæныл æмæ фæнысан ис, цæмæй  уæвæг  тенденци  дарддæр кæны» –  банысангонд у премьер-министры пресскуысты информацийы.

Гуырдзыстоны  кусын райдаынæй  Европæйы Инвестивицон Банкъ  паддзахадон сектьоры, 1,6 миллиард  евройы инвестици  сыххæст кодта.