Ираклий Къобахидзе - Еврокомиссийы хатдзæгмæ гæсгæйæ, ис нæм хæсист, афæдзы кæронмæ бавдисæм хыгъдлæвæрд сыыххæстгонд архæйдтыты фæдыл, уыцы рæстæгмæ æмбæлонæй цæттæ уыдзыстæм
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, Еврокомиссийы документы ныффыст 12 пунктæй бæрæг бфарстатыл куыст ныридæгæн цæуы, уымæн æмæ ацы пункттæ уыдис ассоциацидзинады бадзырды дæр.
Афтæма йæ дзырдæй, афæдзы крæонмæ æмбæлгæйæ цæттæ уыдзысты.
«Æддæппæт ис 12 пункты, сæ нымæцы цалдæр пункты дзырдæуы реформæтыл, кæцытæ æндæр æмæ æндæр сферæты хъуамæ сыххæст уа. Бæрæг темæйыл нырид цæуы куыст, уымæн æмæ , ацы пункттæ уыдысты ассоциацидзинады хайæ. Алкæцы пункт у разыгонд нæхи æмæ Евроцæдисы æхсæн æмæ уæдмæ дæр уыдис ассоциацдзинады бонвæткы. Уый тыххæй дæр, ацæудзæн æмæ адарддæр уыдзæн ацы куыст. Еврокомиссийы хатдзæгмæ гæсгæйæ ис нын хæсист, афæдзы крæонмæ бавдисæм хыгъдлæвæрд сыххæст архæйдтыты фæдыл æмæ уыцы рæстæгмæ уыдзыстæм æмбæлонæй цæттæ» – райхъсын кодта Ираклий Къобахидзе.