Ираклий Къобахидзе - Дыууæ сывæллоны куы амардтой æмæ иуы цауы рахастой кæронмæ сæххæст фыдракæндыл тæрхоныскуыд æмæ иннæ цауы та – архайды тыххæй, уæд бæрæг у цæмæй хъуыддаг кæронмæ бакæнын хъæуы
Ныфс мæ ис, цæмæй æмткæй райсгæйæ, расттæрхоны системæйы æрлæудзæн рæстаг скуыддзаг иттæг нысаниуæгджын ъхуыддагыл, кæцы æххæссы тынг уæззау фыдракæндмæ , æнахъом сывæллæтты марындзинадмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе бюройы рабадтыл загъта.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, ацы хъуыддагыл зæгъгæ, прокуратурæ хъавы аппеляцион æмвæзадыл бахъаст кæнын.
«Хъуыддаг æххæссы æнахъом сывæллæтты марындзинадмæ. Байхъуыстам тæрхоныскуыдмæ ацы хъуыддаджы тыххæй, байхъусытам прокуратурæйы позицимæ, кæцы хъусын кæны, цæмæй тæрхондон зæгъгæ йæ зæрдыл нæ бадартта прокуратурæйы бæлвырдгæнæнтæ. . Уымæ æмбæлгæйæ дæр, прокуратурæ хъавы аппеляцион æмвæзадыл бахъаст кæна, æмæ мæн фæнды стыр ныфс равдисон, цæмæй фæстагмæ расттæрхоны иситемæйы æрлуудзæн рæстаг тæрхоныскуыд рахаст, ацы иттæг нысаниуæгджын хъуыддагыл, кæцы æххæссы тынг уæззау фыдракæндмæ – æнахъом сывæллæтты марындзинадмæ. Дыууæ сывæллоны куы амардтой æмæ иуы цауы рахастой кæронмæ сæххæст фыдракæндыл тæрхоныскуыд æмæ иннæ цауы та – архайды тыххæй, уæд бæрæг у цæмæй хъуыддаг кæронмæ бакæнын хъæуы. Ардгæй рацæугæйæ, сыммахæй хъауджыйæ, мах априори иунæг фарсæн дæр нæ хæцæм йæ фарс æмæ сын нæ бæлвырд кæнæм æууæнк. Дзурæм, цæмæй ацы фарст кæронмæ хъуамæ равзарой æмæ фæстагмæ хъуамæ æрцæуа хаст рæстаг тæрхоныскуыд. Ай у нæ позици æмæ уый тыххæй дæр нæу раст априори искæцы иунæг фарсæн уа æууæнк æмæ иннæмæн та æнæууæнк расидын. Мах хъуамæ равзарæм, реалонæй цы æрцыд уый» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.