Ираклий Къобахидзе – Дипломаты роль æппæтдунеон аренæйыл националон интересты хъахъхъæды æмæ суверенитеты фæтыхджындæр кæныны хъуыддаджы у сæрмагонд, бузныг уын зæгъæм ацы фæндагыл уæ зæрдиаг куысты тыххæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе дипломаттæн арфæ кæны Гуырдзыстоны дипломатийы бон.
Къобахидзе социалон хызæгты куыд фыссы афтæмæй, Гуырдзыстоны æттаг политикæйы нысæнттæ æххæст кæныны æмæ суверенитеты фæтыхджындæр кæныны алы дипломаты роль сæрмагонд у.
“Арфæ кæнын Гуырдзыстоны дипломатийы боны цытæн Гуырдзыстоны дипломатон корпусы алы минæварæн дæр. Уæлдай у алы дипломаты роль Гуырдзыстоны æддагон политикæйы нысæнттæ баххæст кæныны, нæ бæстæйы националон интересты хъахъхъæныны æхсæнадæмон аренæйыл æмæ суверенитет фидар кæныны. Бузныг уын зæгъæм уæ фыдæбон æмæ профессионализмы тыххæй ацы фæндагыл. Нæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ уæ бæрнон куысты”, – фыссы Къбахидзе.