Ираклий Къобахидзе – дихгæнæг хаххы дæргъмæ хъæуты адарддæр ис проекттæ социалон-экономикон, инфраструктурон,  хъæууон-хæдзарадон, æнæнизхъахъхъæды,  рухсадон æмæ культурон æрдæмадтæй
Ираклий Къобахидзе – дихгæнæг хаххы дæргъмæ хъæуты адарддæр ис проекттæ социалон-экономикон, инфраструктурон, хъæууон-хæдзарадон, æнæнизхъахъхъæды, рухсадон æмæ культурон æрдæмадтæй

Фидыды æмæ æмбсæтагон æмсæрады  паддзахадон министр  сыххæст кодта  иттæг нысаниуæгджын активондзинæдтæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къхобахидзе   парламенты  æрвылазон раныхасы  рæстæджы райхъусын кодта.

Ираклий Къобахидзе  куыд  банысан кодта афтæмæй,  скъолаагъоммæ æмæ  сколайы  ахуырады æмвæзадыл  этапгай  ауæрæхдæр ис  дыууæвзагон  ахуыры  моделы  географион ареал.

Афтæма йæ дзырдæй,  паддзахадон æвзаджы  билингвон  методæй  ахуыр 36 рæвдауæндоны æмæ 184 æхсæнадон сколайы  æрфидар ис.

«Регионты  æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты  бæрзондквалифициргонд  къадрты дефицитыл  фæтых уыны  нысанæн, æрвыст æрцыд 397 гуырдзиагæвзагон   ахуыргæнæг. «Сабырады Фонды»  цыппæрæм грантон   конкурсы  фæлгæтты  Абхаз æмæ  Цхинвалы регионтæй  129   бизнеспроект   уыд  регистрацигонд, кæцы  бынæттон   цæрджыты æрдгæй  рæзгæ интересы тыххæй амоны. Сфинанс ис  22  гуырдзиаг-абхазаг æмæ гуырдзиаг-ирон  бизнеспроект.  Фарон   оккупацигонд  территоритæй  Гуырдзыстоны  бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм  æнæфæлварæнтæй бахаудысты  235 студент.  Æнæкъуылымпыйæ æмæ  эфективонæй дарддæр  кæны  «Падзахадон  рефералон программæйы» фæлгæтты медицинон лæггады  æнæфидгæйæ  лæвæрд; программæйæ  хыгъдон периоды Абхазы регионæй  1200-ы онг, æрмæст Цхинвалы регионæй  300-ы онг   адæймаг спайда кодтой.

Хицауад дарддæр кæны  Абхазы регионы архайæг  медицинон  уагдæттæн æххус æмæ статус-нейтралон  координацион механизмы  фæрцы,  вакцинæты, медикаментты, антивирусон   тестты æмæ медицинон  ифтонггæрзты   регулæронæй  æрвитын. Ацы  периоды  дæргъы   фæнысангонды аргъ аххæссыд  милуан æмæ  æрдæг ларимæ», – банысан кодта  премьер.

Афтæма йе дзырдæй  дарддæр кæны  Абхазы регионы  хъæууон-хæдзарадон куыстæн  фарсхæцын æмæ бынатыл  цæрджытæн æххуыс.

«Координацион механизмы фæрцы, Абхазы  регионмæ лæвæрд уыд  зайæгойты  æмæ цæрæгойты  хъахъхъæды  400 000 ларийæ  фылдæр аргъы  фæрæзтæ.

Адарддæр ис  90-æм азты  гарзджын   архæйдтыты æмæ 2008 азы   Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты фæстиуæгæн æвæндагæрбасæфтуæвæг  гоймæгты  бацагуырды æмæ  раласыны   программæ.  Ивгъуыд 12   мæйы дæргъы   æрластой   æмæ бинонтæм лæвæрд уыдысты  æвæндаг æрбайсæфтуæвæг  68  идентифициргонд гоймагы  мардыбуар; ацыд уыдоны  куыд æмбæлы  афтæ  бавæрыны  церемониал.

Дихгæнæг  хаххы  дæргъымæ  хъæуты  адарддæр ис  проекттæ  социалон-экономикон , инфраструктурон, хъæууон-хæдзарадон, æнæнизхъахъхъæды,  ахуырадон æмæ культурон  æрдæмадтæй.  14 минæй фылдæр бинонтæм зымæджы  периоды  схъарм кæныны нысанæн  лæвæрд уыд  финансон æххуыс. 2000-онг студентæн  паддзахадæй  сфинанс ис   бæрзонддæр ахуыргæнæндоны  ахуыры  фидинаг.  Хъæу Зардиаанткарийы  реабилитаци  арызт уыд  2008 азы  хæсты фæстиуæгæн зиангонд  28 хæдзар, ацы  хæдзæртты    хицæуттæ  абоны онг ифтонггонд уыдысты   рæстæгмæ цæрæндæттæй», –   райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.