Ираклий Къобахидзе – Дерек Шоллеимæ равдыстон  ныфссастдзинад дыууæ революцион  архайды тыххæй, кæцы АИШ-ы раздæры минæвары æххуысæй æмæ æддæйæ финансгонд  «энджеоты» фæрцы  сыххæст ис
Ираклий Къобахидзе – Дерек Шоллеимæ равдыстон ныфссастдзинад дыууæ революцион архайды тыххæй, кæцы АИШ-ы раздæры минæвары æххуысæй æмæ æддæйæ финансгонд «энджеоты» фæрцы сыххæст ис

Фæныхас кодтон  Шоллеимæ æмæ  равдыстон мæ æргомзæрдæ  ныфссастдзинад 2020-2023  азты  дыууæ революцион  архайды  тыххæй, кæцытæ  Америкæйы раздæры  минæвары  фарсхæцынæй  æмæ æддæйæ финансгондæй «Энджеоты»  фæрцы сыххæст ис –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе  фыссы  социалон хызаг «Х»-ы.

Хицауады сæрдар  куыд банысан кодта афтæмæй,  уæды архæйдтытæ  æнтыстджын куы уыдаит  уæд абон Гуырдзыстоны  дыккаг фронт   уыдаит.

«Уымæй  уæлдай, Шоллейæн  райхæлдтон, цæмæй  падздахадон депаратменты минæвæртты  ахæлиугонд  мæнг фидиуæнтæ  æргомдзинады фæдыл закъоны  æмæ акциты тыххæй нын баой  кодтой  Америкæйы раздæрон минæвары  2020-2023  азы æнгæс  мæнг  фидиуæнтæ, кæцытæ  йеуæддæр  фæсарæйнаг  финансдзинадæй  архайæг  субъектты æрдгæй  тыхмидзинад цырынгкæнынæн æмæ  революцион  процесстæн æххуысы  тыххæй  уыд.

Афтæма,  цытджын Шоллейæн   базонын кодтон, цæмæй ацы фоныл  ахастыты  ногæй  рацаразынæн сæрмагонд  тыхархайд бахъæудзæн, кæцы  рæстаг æмæ  цæсгомджын   ахастæй  цух   гæнæн нæй.  Цытджын Шоллеимæ нæ равдыстон сагъæс   Нью-Йоркъы  студентты протесты бруталон  ныссæндыны  тыххæй» –  фыссы  Ираклий Къобахидзе.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдары уынаффæгæнæг  Дерек Шолле социалон хызаджы   знон ныффыста,ц æмæй  æргомдзинады фæдыл закъонопроекты тыххæй  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ фæныхас кодта.