Ираклий Къобахидзе - дæргъвæтин шантажы фоныл дæр дисы æфтауæг уыд æртхъирæн, кæцы иуæй-иу еврокомиссаримæ телефонон дзырды рæстæджы айзæлдис.. - Кæсут Фицойыл цы æрцыд æмæ дам тынг арæхсгай хъуамæ уат»
Дисы æфтауæг уыд æртхъирæн, кæцы еврокомиссартæй сæ иуимæ телефонон дзырды рæстæджы айзæлдис. Мемæ ныхасы еврокомиссар ранымадтæ рæнхъ мадзæлттæ, кæцыты гæнæн ис ныгуылæйнаг политиктæ æргомдзинады закъоныл ветойы сæрты ахизыны фæстæ скæной æмæ ацы мадзæлты ранымады рæстæджы ракой кодта: «Кæсут Фицойыл цы æрцыд æмæ дам тынг арæхсгай хъуамæ уат» – уый фæдæлы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы фидиуæны дзырдæуы.
Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ хъуыддаг æргомдзинады фæдыл закъонимæ баст шантажы контексты, Словакий ыпремьер-министры кой куы кæнынц, кæцыйыл цалдæр боны размæ террористон лæбурд сыххæст, уый иттгæ мæтæфтауæг у.
«ДЗыллæ кæсы æргомдзинады фæдыл закъоны алыварс айтынггонд фæзындтæм æмæ уыны, цæмæй рæнхъ бæрзонд ранггы фæсарæйнаг политиктæ не фсæрмы кæнынц гом шантажæй дæр гуырдхиаг адæмы æмæ йæ æвзæрст хицауады ныхмæ. Ахæм æфхæрæг шантажыл нырид рагæй дæн уынаффæгæнæг æмæ ахуыр дæн, æмæ уый йæ тых фесæфты дзыллæйæн æмæ хицауадæн дæр. Фæлæ дæргъвæтин шантажы фоныл дæр дисы æфтауæг уыд æртхъирæн, кæцы иуæй-иу еврокомиссаримæ телефонон дзырды рæстæджы айзæлдис. Cæрмагондæй та мемæ ныхасы Еврокомиссар ранымадта рæнхъ мадзæлттæ, кæцыты ныгуылæйнаг политиктæ æргомдзинады закъоныл ветойы сæрты ахизыны цауы гæнæн ис райсой æмæ ацы мадзæлтты ранымады рæстæджы ракой кодта: «Кæсут цы æрцыд Фицойыл æмæ дам тынг арæхсгай хъуамæ уат». Æргомдзинады фæдыл законимæ баст шантажы контексты Словакийы премьер-министры кой куы кæнынц, кæцыйыл цалдæр боны размæ сыххæст террористон лæбурд æмæ кæцы ерын хоскæны , уый махæн тынг мæтæфтауæг у.
Хахх кæнын уый дæр, цæмæй, рагафон информацийæ, премьер-министрмæ бырсты фæстæ фæбæрæг ис иуæй-иу бæстæйы спецкуыстыты фæд, кæцы «глобалон хæсты партиимæ» сæрмагондæй æнгом у быст. Превенцийы нысанæн, мæхи хæсджыныл банымадтон ацы æртхъирæны фæдыл информаци фехъусын кодтан гуырдзиаг дзыллæйæн. Роберт ифцойы марындзинады архайдимæ уагъд параллел нын бакой кодта, цæмæй глобалон хæсты партийы хуызæй, нын хъуыддаг ис иттæг тæссаг тыхимæ, кæцы Гуырдзыстоны сызмæнтынæн алцыппæт саразæг у. уырнæг дæн, сæ плантæн ацы хатт æнтыст нæ уыдзæн æмæ Гуырдзыстонæн æнæмæнгæй уызæн сабырад æмæ политикон стабилондзинад, кæцы бæстæйы райрæзтæн æмæнæгхъæугæ аууæл у» – дзырдæуы премьеры фидиуæны.