Ираклий Къобахидзе - цыппар æддагонæй финансгонд бафæлвæрд конституцион уагæвæрды тыхмийы фæдыл баивыны тыххæй барадхъахъхъæнæг структурæ фæурæдтой, растдæр  уыдоныл æнцой кæны паддзахады тых
Ираклий Къобахидзе - цыппар æддагонæй финансгонд бафæлвæрд конституцион уагæвæрды тыхмийы фæдыл баивыны тыххæй барадхъахъхъæнæг структурæ фæурæдтой, растдæр  уыдоныл æнцой кæны паддзахады тых

Уыдис цыппар æддагонæй финансгонд бафæлвæрд тыхмионæй конституцион фæтк аивыны тыххæй, кæцытæ барадхъахъхъæнæг органты бæрнонтæ фæурæдтой– уый фæдыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн расидтис.

Къобахидзе барадхъахъхъæнæг органты бæрнонтæ бузныг расидтис æмæ банысан кодта, цæмæй паддзахады тых уыдоныл æнцой кæны.

«Ацы рæстæджы дæргъы мах рацыдыстæм вазыгджын процесстыл, æмæ рæстад æххæстгонд кæй æрцыд, уый у сæйраг.Фæнды мæ зæрдæбын бузныг зæгъон мидхъуыддæгты министрады полицийы алы кусæгæн, сæрмагонд хæслæвæрдты управленийы алы кусæгæн, фæстаг цыппар азы дæргъы тыхæй хицауад аивыны цыппар бафæлвæрд кæй фæурæдтой.Ноджы иу хатт, бузныг мидхъуыдтæгты министрадæн, Паддзахады æдасдзинады службæйæн. Службæ, алы кусæгæн, алы барадхъахъхъæнæгæн дæр, растдæр уыдоныл æнцайы паддзахады тых, кæцыйы сбæлвырд кодтой фæстаг цыппар азы дæргъы», — банысан кодта премьер.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ даргъ кæны алы закъонхæлдтыты фæдыл фæдагуырд.

“Райдыдтой æмæ дарддæр кæнынц фæдагуырдтæ æппæт закъонхæлдтыты фæдыл дæр. Бæлвырд цауы гæнæн уыд аххосджыны сбæрæг кæнын. Æндæр хъуыддаджы аххосджыны сбæрæг кæнын гæнæн куы суа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахад уым дæр архайдзæн максималон бæрндзинадимæ. Зонут æй, уголовон хъуыддæгтæ алы здæхтыты дæр кæй райдыдта, сæйрагдæр у аххосджынты сбæрæг кæнын”- расидтис Къобахидзе .