Ираклий Къобахидзе - Цал хатты бафæлвардзæн «Националон Змæлд» йæ сæр уæлæмæ схæцын, уал хатты йын ратдзæн дзыллæ аккаг дзуапп
Æхсæнадæн ныфс æвæрдтам, цæмæй не руадздзыстæм зæгъгæ «Националон Змæлды» исты хуызы реванш. Ацы дзылдлæвæрд æххæст кæнæм æмæ йæ кæронмæ æххæст кæндзыстæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзе журналисттæн знон, Льежы «Националон Змæлды» фарсхæцджыты æмбырдыл комментарийы рæстæджы загъта.
«Цал хатты бафæлвардзæн «Националон Змæлд» йæ сæр уæлæмæ схæцын, уал хатты йын ратдзæн дзыллæ аккаг дзуапп. Æмæ кæд дзыллæйы æххуыс хъæудзæн, уæд сын баххуыс кæндзыстæм. Льежы уый хъæугæ нæ уыдис. Æндæр цауы, нæ бон у баххуыс кæнын. Æхсæнад сын аккаг дзуапп ратта «Националон Змæлдæн» ивгъуыды куыд дæтта, фидæны куыд ратдзæн, уый нымæцы 2020 азы парламентон æвзæрстыты- афтæ. Политикъон процессты æнæраст ардæмадæй ауадзыны превенци æнæмæнгхъæугæ у. Ууыл бæрнон у йæхæдæг æхсæнад æмæ алы политикъон тых. «Нацзмæлдæй» кæй нæ тæрсæм, уый сбæлвырд кодтам алы ивгъуыд азы. Мах кæддæриддæр дæттам ныфсæвæрдтæ дзыллæйæн, цæмæй не руадздзыстæм «Националон Змæлды» исты хуызæй реванш. Ацы дзырдлæвæрд æххæст кæнæм æмæ фидæны азы æвзæрстытыл дæр сæххæст кæндзыстæм», – загъта Ираклий Къобахидзе.