Ираклий Къобахидзе – цæттæ стæм ауадзæм кæцыфæнды реформæ, кæцы ахсджиаг уыдзæн нæ бæстæйæн æмæ европаг интеграцийæн
Цæттæ стæм кæцыфæнды реформæ ауадзын, кæцы ахсджиаг у нæ бæстæйæн æмæ европаг интеграцийæн. Цæттæ стæм, Евроцæдисимæ æмгуыстадмæ, – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, тæрхонон реформæйы фарста фæстæмæ бонвæткы ис.
«Тæрхонон реформæйы тыххæй куы зæгъæм, сæрæй дæр сæвæрдтам ацы фарста æмæ нырдæр бонвæткы ис. Куыддæр нын бавдисдзысты фактты æмæ бæлвырдгæнæнтыл бындурæвæрд конкретон æнхъарæн уый тыххæй цæмæй куыд ис гæнæн тæрхонон системæ фæхуыздæр кæнын, афтæмæй уайтагъд ауадздзыстæм уыцы реформæ, фæлæ абоны онг рацыд дыууæ-æртæ азы æмæ æнхъæлмæ кæсæм, реформæтыл ахæм фактты æмæ бæлвырдгæнæнтыл æнцойæвæрд æнхъарæнтæм. 2-3 аз аивгъуыди æмæ нырма нæм ницы æрбахæццæ и, ныфс мæ ис, кæддæр æрбахæццæ уыдзæн æмæ сног кæндзыстæм дискусси реформæйыл», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.