Ираклий Къобахидзе – цæттæ стæм, æргомдзинады фæдыл закъонопроекты тыххæй дискусси ауадзæм америкаг, европаг кæнæ гуырдзиаг партнертимæ иумæ, нæ пизицитæ тынг фидар сты
Æргомдзинады фæдыл закъон æххæстæй æмбæлон у барадн приницптæм. Цæттæ стæм, дискусси ауадзæм европаг, америкаг кæнæ бынæттон, гуырдзиаг партнертимæ иумæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кхобахидзе Германийы канцлер Олаф Шольцимæ иумæйаг пресконференцийыл райхъусын кодта.
Къобахидзейы дзырдæй, æргомдзинадæн демократон дзыллæйы демократон бындурты паддзахады царды альтернативæ нæй.
«Нæ балæуд, нæ позицитæ сты фидар. Ацы закъон тынг цыбыр у æмæ иунæг, йæ хъуыдыйы цы ары у æнæхицауадон организациты æрдгæй финансты æрвылазонæй раргом кæнын. ничи зæгъдзæни, цæмæй финансты раргом кæнын гæнæн ис æппæрццагæй фæзына ацы кæнæ иннæ организацийы куыстыл. Кæд исты раст на дзурын, ноджы иу хатт банысан кæндзынæн, цæмæй гом стæм дискуссимæ, мæ бон у ноджы иу хатт сбæлвырд кæнын, цæмæй ацы закъонпроект йæ хъуыдыйы цы дары уый у æнæхицауадон организациты æмæ æмбæлгæ медиаорганизациты финансты æрвылазонæй раргом кæнын.
Уымæ гæсгæйæдæр, æмбæлгæ дискусси куы ацæуа, кæцы фыццаг аз, ацы закъоны кæсыны рæстæджы не рцыд, фидар уырнæг дæн, цæмæй нæ позицитæ тынг фидар уыдзысты. Демократон дзыллæйы, паддзахады демократон бындурты царды æргомдзинадæн альтернативæ нæй», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.