Ираклий Къобахидзе – бузныг дзурын  паддзахадон хъахъхъæды специалон куыстæн, кæцы, æртæ дæсой азы у, сæрмагонд хайбавæрд кæны  бæстæйы паддзахаддзинад хъахъхъæды æмæ стынг кæныны хъуыддаджы
Ираклий Къобахидзе – бузныг дзурын паддзахадон хъахъхъæды специалон куыстæн, кæцы, æртæ дæсой азы у, сæрмагонд хайбавæрд кæны бæстæйы паддзахаддзинад хъахъхъæды æмæ стынг кæныны хъуыддаджы

Паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты къухдариуæгадæн, æнæхъæнæй сæрмагонд скондæн, алы архайæг æви ветеран  кусæгæн мæ фæнды,  зæрдиагæй  раарфæ кæнын  абоны  боны,  куысты бындурвæрды 30  азы юбилей, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты  30 азы ююбилемæ  нывонд мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Премьеры дзырдæй, зæгъгæ  паддзахадон хъахъхъæды  специалон куыст нырид  æртæ дæсой азы у бæстæйы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сидар кæнынæн кусы æмæ  йын сæрмагонж хайбавæрд ис бæстæйы паддзахаддзинад хъахъхъæды æмæ стынг кæныны.

Мадзалыл  паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты  къухадриуæггæнæг Анзор  Чубинидзе  хуынд уазджытæн  куысты  хыгъдлæвæрд бавдыста.  Мадзалы кæрон    кусæн æххæстбарты намысджынæй сыххæсты  æмæ  дæнцон   дисциплинæйы тыххæй, куысты  саразыны 30 азы  юбилеймæ схорзæхджын сты  паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты  кусджытæ.