Ираклий Къобахидзе - Бауырнæт уæ, дæсæм æрсидты парламенты æнæмæнгæй уыдзæн оппозицион партитæ
Бауырнæт уæ, дæсæм æрсидты парламенты æнæмæнгæй уыдзæн оппозицион партитæ, чи уыдзæн, банхъæлмæ кæсæм æмæ фендзыстæм – райхъусын кодта парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демократон Гуырдзыстоны» æххæстгæнæг нымæрдар, Ираклий Къобахидзе.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, оппозицион партиты аскуыддзаг кæнинаг у, фыццаг рабадты райсдзысты хайад æви нæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фарастæм æрсидты парламенты оппозици перманентонæй бойкоты режитмы уыд.
«Ахуыр стæм оппозицийы æрдгæй бойкотыл. Фыццаг рабадты чи райсдзæн хайад æмæ чи не сразы уыдзæн, уый зæгъын мæ бон нæу, фæлæ уæ бауырнæт, лæсæм æрсидты парламенты оппозицион партитæ уыдзæн. Чи сæ бахиздзæн парламентмæ – банхъæлмæ кæсæм æмæ фендзыстæм» – райхуъсын кодта Ираклий Къобахидзе.
Дæсæм æрсидты парламенты фыццаг рабадт сом ацæудзæн. Оппозици парламентон мандаттыл нæзагъд кæны, уымæн æмæ нымайы, цæмæй 31 октябры æвзæрстыты фæстиуджытæ хицауад фæмæнг кодта.