Ираклий Къобахидзе Бакуйы ИНО-йы 29-æм климаты ивды конференцийы хайад райсдзæн
Ираклий Къобахидзе Бакуйы ИНО-йы 29-æм климаты ивды конференцийы хайад райсдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе 11-13 ноябры ИНО-йы 29-æм климаты ивды конференцийы (COP29) хайад райсдзæн, кæцы Азербайджаны сæйраг сахар Бакуйы сырæздзæн.

Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, конференцийы хайадисæг лидертæн фысым уыдзысты ИНО-йы генералон нымæрдар Антонио Гутьеррес æмæ Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиев.

«Бакуйы визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны премьер-министр Азербайджаны республикæйы президентимæ лæгæй-лæгмæ фембæлд сараздзæн. Ираклий Къобахидзе COP29-ы лидерты саммитыл раныхас кæнын плангонд у, афтæ дæр панел-дискусситæ, кæцытæ тымбыл стъолы форматы æндæр æмæ æндæр темæтыл сырæздзысты.

ИНО-йы климаты ивæндзинады 29-æм конференци йæ хъус дардзæн климаты æндæвдад куыд гуманитарон, афтæ экономикон цардыл аргълæвæрдмæ. Разамонджытæ ныхас кæнынц æххуысы æххæстгæнæн къахдзæфтыл, уыцы нымæцы æппæрст æрмæг фæкъаддæр кæныныл, кæцытæй æнæ дунейы хъармдзинады карз фæстиуæгæй хи бахизын нæ уыдзæн гæнæн.

Гуырдзыстоны премьер-министр COP29-ы хайад райсдзæн делегациимæ иумæ, кæцыйы сконды сты фыццаг вице-премьер, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Леван Давиташвили, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили æмæ хицауады администрацийы къухдариуæг Леван Жоржолиани», – ис фыст официалон информацийы .