Ираклий Къобахидзе - бацархайдзыстæм, цæмæй нæ бон цы у, уый саразæм футболы рæзмæцыдæн
Бацархайдзыстæм алы æппæт саразæм футболы размæцыдæн, стыр инвестицитæ сты плангонд ацы къуымæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны футболы федерацийы хорзæхджын кæныны церемонийы ныхасы рæстæджы расидтис.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, сывæллæтты ‘хсæн ис стыр интерес футболы æрдæм æмæ арæх инфраструктурæ нæ лæггад кæны снысангонд спорты рæзтæн.
« 30 техникон стадионы амад райдайдзæн, уыдонæй 23 -йы амад фидæн азы фæуыдзæн. Стадионтæ афтæ дæр амад æрцæудзысты 8 горæты, кæцытæ ахъаз кæндзысты куыд сывæллæтты æхсæн футболы рæзтæн, афтæ дæр нæ националон чемпионаты рæзтæн. Нæ нысан у срайгонд кæнæм рæзгæ æркуырд, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ фылдæр гуырдзиаг сывæллæттæ баст уой футболимæ фылдæр æнæниздзинад, æнæниз цардуаг, кæцы куыд гæнæн ис афтæ парахат кæна нæ фидæны фæлтæры æхсæн” -расидтис Къобахидзе.