Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, культурæйы министр Тинатин Рухадзеимæ иумæ, Мцхетайы музей бабæрæг кодта.
Хицауады сæргълæууæджы музейы ног концепциимæ Гуырдзыстоны националон музейы генералон директор Давид Лорткипанидзе базонгæ кодта.
Концепци хынцгæйæ, музейы æвдыст цæуынц рагон периоды археологон æрмæг, чырыстон дуджы дæнцæгтæ, нымæцон формæйы æвдыст цæуынц Мцхетайы археологон иртастимæ баст архивон æрмæг. Ацы этапыл, концепцимæ гæсгæ, бындурæвæрд цæуынц музейон системæтæ, куыст цæуы фондтыл, æмæ æвзæрст цæуы музейы кусджытæ. Мцхетайы музей баиу кодта Армази æмæ Ксанийы археологон базæтæ, цыран хъахъхъæд цæуы хъæздыг археологон æрмæг. Музейы ис быдыры цы æрмæг ссардтой, уый бакусыны æмæ йæ реставраци-консервацийы лаборатори. Национ музейы фондты Мцхетайы тыххæй æрмæджытæм цадæггай æфтаудзысты равдысты фæзуæттæ. Хицауады сæрдар æххæстгæнæн, закондæттæг æмæ бынæттон хицауады минæвæрттимæ иумæ Мцхетайы музей бабæрæг кодта.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауад парахат кæны.