Ираклий Къобахидзе – Азербайджанимæ бадзырдты фæрцы баххæсыдыстæм оптималон æскъуыддзагмæ куыд газ æмæ электроэнергийы импортæн æмæ транзитæн, махæн ис идеалон уавæртæ Баку-Тбилис-Супсайы хæтæлы эксплуатацийæн
Азербайджаны фарсимæ бадзырдтæм мах баввахс стæм, куыд дыууæ паддзахады æхсæн стандартон диалогмæ нæ, фæлæ иумæйаг интересты фæдыл хæларадон ныхасмæ, махæн алы ран дæр ис идеалон уавæртæ, дыууæ фарсы интерестæ дæр æмхуызонæй нымад цæуынц. Уый хауы куыд газ æмæ электроэнергийы импорт æмæ транзитмæ, афтæ дæр Баку-Тбилис-Супсайы хæтæлы эксплуатацимæ – уый фæдыл хицауады администрацийы арæзт брифингыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Баку-Тбилис-Супсайы хæтæлы æхгæды фæстиуæгæн, паддзахад дæсгай милуан ларийы потенциалон æфтиагæй фесæфта æмæ эксплуатацийы сног кæныны фæстæ, æмбæлон æфтиаг бюджетмæ хаст æрцæудзæн.
«Æмтгæй райсгæйæ, мæ бон у зæгъын, цæмæй нын уыд фидар гаранти бæрцты æрдгæй, уыцы гаранти фæфылдæр. Ома, бæрц, гарантиты æрдгæй, фæфылдæр æмткæй. Сымах зонут, цæмæй нæм ис æртæ сæйраг бадзырды фадыджы, уыцы нымæцы гарантийæ газ «Шах Дениз»-æй æмæ ма ис дыууæ æфтауцджын бадзырды. райста фылдæр гарантитæ, цы гарантитæ нын уыд, уымæй, ацы къухфыст бадзырдмæ гæсгæ.
Æмткæй райсгæйæ, ахæм уыд нæ ахаст, кæцыйы мах дих кодтам нæ азербайджайнаг хæлæрттимæ, цæмæй ацы бадзырдтæм нæ æркастыстæм куыд дыууæ паддзахады æхсæн стандартон диалог, уый уыд хуымæтæг хæлар ныхас иумæйаг интересты фæдыл æмæ мах æрхæццæ стæм оптималон æскъуыддзагмæ алы фарстайы фæдыл дæр, уый хауы куыд газы импортмæ æмæ транзитмæ, афтæ ма электроэнергийы импортмæ æмæ транзитмæ дæр, кæцыйы махæн ис идеалон уавæртæ æмæ ацы операцитæ Баку-Тбилис-Супсайы хæтæл. Алы ран дæр нæм ис идеалон уавæртæ, цыран дыууæ фарсы интерестæ дæр æмхуызон нымад цæуынц.
Афтæ дæр, сæрмагондæй Баку-Тбилис-Супсайы тыххæй, зонут, цæмæй ацы хæтæл æртæ азы дæргъы бынтондæр æрлæууыд æмæ, уымæ гæсгæ, паддзахад фесæфта дæсгай милуан ларийы потенциалон æфтиæгтæй. Ныр сног уыдзæн хæтæлы эксплуатаци, кæцыйæ æмбæлон æфтиаг ныридæгæн хаст æрцæудзæн паддзахадон бюджетмæ», — банысан кодта хицауады сæрдар