Ираклий Къобахидзе – алы темæйыл уынаффæтæ хъуамæ рахæссæм дзыллæимæ, специалисттимæ, фадыгы минæвæрттимæ уæрæх консультациты бындурыл
Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ уа дæнцон алкæмæн æргомдзинады мæ бæрнондзинады цæстæнгасæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ хицауады куыст фидар принциптыл хъуамæ æнцой кæна.
«Уый тыххæй, цæмæй максималон фæстиуджытæ нын уа, нæ хицауады куыст тынг фидар принциптыл бындурæвæрд хъуамæ уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ уа дæнцон алкæмæн, æргомдзинады æмæ бæрнондзинады цæстæнгасæй. Нæ алы уынаффæ хъуамæ уа максималонæй æргом æмбæстæгтæн æмæ уый домæм аы æндæр паддзахадон уагдонæй. Афтæма, иудадзыг хъуамæ сагъæс кæнæм нæ сæххæст куыстыты гъæд фæхуыздæрыл. Аиппыты минимумы онг фæкъаддæрæн хъуамæ стынг кæнæм гъæды контролы æмæ цæстдарынады алы æмбæлгæ механизм. Уый æххæссы æхсæнадæн лæггады гъæдмæ. Ам дæр минимумы онг хъуамæ фæкъаддæр кæнæм æмбæстæгты претензаитæ серсвисты гъæдмæ гæсгæ. Æмтгæй зæгъгæйæ, алы темæмæ гæсгæ, уынаффæтæ хъуамæ уа хаст æхсæнадимæ, специалисттимæ, фадыгы минæвæрттимæ уæрæх консультациты бындурыл. Кæддæриддæр, бæрæг уынаффæ куы исæм, æхсæнадæн максималонæй лæмбынæг хъуамæ райхалæм ацы уынаффæ мидис, аххос. Уый хъуамæ уа нæ куысты иуæй-иу бындурон принцип», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.