Ираклий Къобахидзе – алы æмбæстаг  алцыппæт хъуамæ сараза, цæмæй Саакашвилийы, Гварамиайы, Хазарадзейы, Гахариайы æмæ Гигаурийы политиконæй цъыфæй  гуырдзиаг спорты æмæ аивады  счъиззи ма бауадза
Ираклий Къобахидзе – алы æмбæстаг алцыппæт хъуамæ сараза, цæмæй Саакашвилийы, Гварамиайы, Хазарадзейы, Гахариайы æмæ Гигаурийы политиконæй цъыфæй гуырдзиаг спорты æмæ аивады счъиззи ма бауадза

30 азы  сæрыл спорты алы  сæйраг  кърдон   хуызы  фыццаг  хатт куы æрцæуы  исты, уый нысан кæны, цæмйæ  уый   æппæты  хицауады  тыхархайды   хайбавæрд  дæр стыр у, фæлæ  хицауад никуы бахъавыд, ацы уæлахиздзинæдтæ  йæхи бакодтаит –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзейы  фидиуæны дзырдæуы.

Къобахидзейы  дзырдæй, оппозици зæгъгæ   активон архайы спорт, аивад сæрмагонд политикон  цъыфæй  счъиззи кæнын  æмæ уымæй дæр бæрæг у  сæ ахаст бæстæмæ, уый æппæтмæ,  кæцыимæ баст у Гуырдзыстоны  идентондзинад.

«Хъыгаг у, цæмæй  мах   максималонæй  цæуыл ауæрдæм, ууыл æппын нæ ауæрды  оппозици, кæцы активон архайы  гурдзиаг спорт æмæ  аивад  сæрмагонд  политикон   цъыфæй счъиззи  кæна. Уымæй дæр бæрæг у  сæ  ахаст  бæстæмæ æмæ алцыппæт уымæ, цæйимæ дæр баст у Гуырдзыстоны идентондзинад.Æрмæст æнæфыдыбæстæ   адæймæгтæн бахъæцдзæн сæ цæсгом уый саразын, нæ политикон оппоненттæ  гуырдзиаг спорты æмæ аивады  ныхмæ  цы аразынц уый. Уый уыдис сæ  къухфыст  хицауады уæвыны рæстæджы, компрометиргонд  аивадархайджытæй,  спортсментæй æмæ сæ бинонты  уæнгтæй, сæрмагонд политикон   интерестæн  службææйы  иу  куы  бафтыдтой  æмæ  раст ахæм у сæ къухфыст абон дæр.

Ацы бæстæйы алы æмбæстаг, кæцы  æвæлмаст нæу сæрмагонд бæстæйы,  гуырдзиаг спорты æмæ аивадмæ, хъуамæ сараза алцыппæт, цæмæй  Саакашвилийы, Гварамиайы, Хазарадзейы, Гахараиайы  æмæ Гигаурийы  политикон  цъыфæй гуырдзиаг спорты æмæ аивады  счъиззи кæнын ма бауадза», – дзырдæуы  Ираклий Къобахидзейы  фидиуæны.