Ираклий Къобахидзе – алцыппæт аразæм уымæн цæмæй Гуырдзыстоны тырыса фæйлауа НАТО æмæ Евроцæдисы
Гуырдзыстоны тырыса у паддзахады æмæ дзыллæйы историон фæндаг, уцы аргъдзинæды кæцытыл æнусты дæргъы æнцой уыд нæ дзыллæ æмæ кæцы нæ бæстæйы иу кодта Европæйаг æхзсæнадимæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бонмæ гæсгæ, закъондæттæг органы уагъд бæрæгбонон мадзалыл загъта.
«Хæдбардзинад ногæй рацарæзты бонæй райдыдта куыст ацы символы æмæ æндæр паддзахадон символты сæндидзын кæныныл. Иттæг стыр куыст сæххæст ис уый тыххæй, цæмæй фæстагмæ сбæлвырд уыдаит, цæмæй цахæм тырыса уыдис Гуырдзыстоны паддзахадæн историон заманæй, куыд æй зыдтой, цы символикæ æвдыстой Гуырдзыстоны тыххæй дунейы. Ацы иртасæны фæстиуджытыл æнцойæ, 1999 азы Гуырдзыстоны парламент райста уагæвæрд паддзахадон атрибутикæйы раивыны фæдыл æмæ уый бындурыл, 2004 азы 14 январы Гуырдзыстоны президент къух бафыста уагæвæрдыл фондз дзуарджын тырысайы паддзахадон тырысайæ райсыны фæдыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр 14 январы расидтæуыд паддзахадон тырысайы бонæй. Фæнды мæ банысан кæнон, цытджын Элдар Шенгелаиайы стыр хайбавæрд ацы хъуыддаджы. Абон уæгъдибарæй зæгъæн ис, цæмæй Гуырдзыстоны тырыса у иуæй-иу сегасæй рагондæр тырыса дунейы æмæ у иу паддзахады рацарæзты кæнæ иу искæцы хицауады кæнæ партийы символ, фæлæ ма у паддзахады æмæ дзыллæйы историон фæндаг, уыцы аргъдзинæдты, кæцытыл æнусты дæргъы æнцой уыд нæ дзыллæ æмæ уый цыдæриддæр бæстæ æмæ дзыллæйы иу кодта Европаг бинонтимæ. Ацы тырыса зонынц æмæ зыдтой æппæт Дунейы, æмæ йын стыр кад кæнынц» – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад алцыппæт аразы уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны националон тырыса уæлæмæ ист æрцæуа НАТО æмæ Евроцæдисы.
«Абоны бон уын нодж иу хатт бакой кæндзынæн, уый цæмæй нын сæххæст кæнинаг ис цалдæр æвзæрст нысаниуæгы мисси. Сæрыфыццагæй, уый у Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы уæлæмæ сисын нæ бæстæйы территоритыл кæцытæ оккупацигонд сты. Ай у Гуырдзыстоны алы æмбæстагы бæллиц æмæ фæнд, кæцы уырнæг дæн, æнæмæнгæй сыххæст уыдзæн. Махæй аехсджиаг нысан у, нæ фыдæлты райдайгæ хъуыддаджы адараддæр кæнын æмæ гуырдзиаг адæмы историон фæнд сæххæст кæнын. Ай та у Гуырдзыстоны æрыздахын Европаг бинонты æхсæнмæ. Мах алцыппæт аразæм æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм æнæруромгæ куыст, цæмæй Гуырдзыстоны националон тырыса, уæлæмæ ист æрцæуа НАТО æмæ Евроцæдисы» – расидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдар.