Ираклий Къобахидзе – алцыдæр хъуамæ саразæм, цæмæй авторитаризм æмæ агентады хицауиуæгад макуы æрыздæхой, кæцыйы фæстиуæг уыдзæн ноджы карздæр формæ цауты, кæцытæ сырæзтысты 2008 азы
Ираклий Къобахидзе – алцыдæр хъуамæ саразæм, цæмæй авторитаризм æмæ агентады хицауиуæгад макуы æрыздæхой, кæцыйы фæстиуæг уыдзæн ноджы карздæр формæ цауты, кæцытæ сырæзтысты 2008 азы

Гуырдзыстоны чидæр архайы авторитаризмы фестиваль ауадзын æмæ авторитаризм фæстæмæ æрбакæнын. Алцыппæт хъуамæ саразæм, цæмæй авторитаризм æмæ агентады хицауиуæгад Гуырдзыстонмæ мауал æрыздæха, – райхъусын кодта журналисттæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, парламентон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты æнæпрецедентон, карз æддагон хъыгдарды фоныл, кæцы тынг ирдæй у æвзарæнон уагæвæрдты хæлд.

«Тынг хъыг у. Хорз уый у, æмæ æддагон хъыгдардæн йæ бон нæу æвзæрстыты кæронбæттæн фæстиуджытæм бандавын. Алчидæр зоны, чи чи у, цы нысан кæны се ‘хсæн ахæм æддагон хъыгдард. Ахæм мадзал, цыран Саакашвилийы къамтæ æвдыст цæуынц куыд демократийы фестиваль, уæд бæрæг у, цæмæй реалонæй, Гуырдзыстоны чидæр авторитаризмы фестиваль ауадзын æмæ авторитаризм фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æркæнынмæ хъавы. Ацы авторитаризмы фæстиуæг уыд се ‘хсæн 2008 азы хæст. Алцыдæр хъуамæ саразæм, цæмæй авторитаризм макуыуал æрыздæха Гуырдзыстонмæ, цæмæй агентады хицауиуæгад макуыуал æрыздæха Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ авторитаризм æмæ агентады хицауады кæронбæттæн фæстиуæг æнæмæнгæй уыдзæн цауты рæзт ноджы карздæр формæйы, кæцытæ райрæзтысты Гуырдзыстоны 2008», – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.