Ираклий Къобахидзе – Активонæй кусдзыстæм дистрибуцион æмæ базарадон рæнхъытимæ, цæмæй къухы бафта æргъты фæкъаддæр, парламентæй курын, цæмæй арæзт æрцæуа парламентон къамис, цæмæй фарстæн аргъ скæна
Активонæй кусдзыстæм дистрибуцион компаниты æмæ базарадон рæнхъыты минæвæрттимæ, цæмæй нæ æмзæххонтæн æргътæ фæкъаддæр кæной. Бахъуаджы рæстæджы ацы нысанæн спайда кæндзыстæм æндæр æмæ æндæр бæстæты сбæлвырдгонд антимонополон механизмтæй дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фæлхасгæнæг æргъты фæдыл видео-хъусынгæнинаджы расидтис.
Хицауады сæргълæууæг æрсидт барадхъахъхъæнджытæм фарста арфдæр сахуыр кæной.
“Сидын барадхъахъæнджытæм фарста арф сахуыр кæной æмæ сбæлвырд кæной, ис æви нæ уголовон фыдракæнды нысæнттæ конкретон субъектты архайды. Афтæ дæр мæ фæнды Гуырдзыстоны парламентæй ракурын, цæмæй арæзт æрцæуа парламентон къамис, кæцы спайда кæндзæн æмбæлон парламентон рычагтæй фарстæн аргъ скæнынæн”, – банысан кодта Ираклий Къобахидзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг æмæ европæйаг æргъты æхсæн хицæндзинад дзæвгар стыр у. Гуырдзыстоны æмæ Францы иу æхсæнадæмон бренды рæнхъон базарты æргътæ куы абарæм, уæд Гуырдзыстоны бæлвырд бренды зети 34% зынаргъдæр у, макаронтæ 97%, пырындз 180%, нæлхæ 30%, цыхт 42%, шоколад та 47%. Хицауады сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, æргъты æхсæн хицæндзинад бæрæггонд у дистрибуцион компаниты æмæ базарты бæрзонд аргъæй, кæцы Гуырдзыстоны арæнæй дуканийы тæрхæгы онг астæуккагæй 86% у.