Ираклий Къобахидзе – ахстгондты нымæц гæнæн ис фæфылдæр уа, алкæйы дæр бафæдзæхстам, цæмæй фыдгæнджыты рабæрæг кæнынæн нæм ноджы фылдæр ресурс уыд, раздæрæй
Ахстгондты нымæц, гæнæн ис, фæфылдæр уыдзæн, уый хынцгæйæ, цæмæй мах алкæй дæр фæдзæхстам идентификацийы гæнæнты тыххæй, фæдзæхстам, цæмæй нæм ноджы фылдæр ресурстæ уыд фыдгæнджыты сбæрæг кæнынæн, раздæрæй. Паддзахадон институтты ныхмæ ахæм масштабы тыхмидзинад куы цæуы, уæд фундаменталонæй нысаниуæгджын у реагир кæнын уым – уый фæдыл Гуырджааны журналисттæн премьер-министр Ираклий Къобахидзе расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт фыдгæнджытæ, кæцытæ рабæрæг уой, дзуапп дæтдзысты.
«Уымæ гæсгæ, логикон у, цæмæй æнхъæлмæ кæсæм нымæцы рæзтмæ. Ноджы иу хатт сфæлхатт кæндзынæн, ахæм хъуыддаг паддзахадæн æнцонæй нæй гæнæн æххæст кæнын. Паддзахадон уагдæтты ныхмæ ахæм масштабы тыхмидзинад куы æрцæуы, уæд бындуронæй ахсджиаг у уым дзуапп раттын, цæмæй фидæны паддзахад ахæм архайдтытæй бахъахъхъæна, æмæ уый æнæмæнгæй æрхæсдзыстæм», — загъта премьер-министр.