Ираклий Къобахидзе – ахæстоны нæ хъæуы æфсармы ног фыдгæнджытæ, фæнды мæ алкæй дæр бафæдзæхсон, цæмæй сæхи бауромой ахæм архайдтытæй, кæцытæ æркæнынц карз барадон æфхæрдмæ
Ахæстоны нын æфсармы ног аххосджынтæ нæ хъæуы, уый тыххæй дæр мæ фæнды ноджы иу хатт бафæдзæхсын алкæмæн дæр, цæмæй сæхи бауромой ахæм архайдтытæй, кæцытæ законмæ гæсгæ карз реагирдзинад хæссынц – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн расидтис.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, Паата Бурчъуладзейы расидт революци нæ уыдзæн æнтыстджын.
«Фæнды мæ фæдзæхсон алкæй дæр, æхсызгонæй нæ стæм искæй ахсын, фæлæ кæд исчи закъон халдзæн, уæд алкæмæн дæр дзуапп раттын бахъæудзæн закъонæн.Уый у нæ хæларадон фæдзæхст алкæмæн дæр.Нæ хъæуы нæ ахæстоны æфсармы ног халджытæ.Уымæ гæсгæ мæ фæнды ноджы иу хатт фæдзæхсын алкæй дæр ахæм архайдтытæй, кæцытæ хæссынц карз дзуапп закъонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фæдзæхст у тæккæ ирд. расидтис Паата Бурчъуладзе æнтыстджын нæ уыдзæн, фæлæ гæнæн ис æмæ ахæстоны фæстæ бахауой бирæ адæймаг, уымæ гæсгæ нæ хæс у уыдон раз, уыдон сты нæ æмбæстæгтæ, алкæй дæр куыд æмбæлы, афтæ бафæдзæхсын. уæд ма дис кæнут, кæд æмæ сын закъон ратдзæн иттæг карз дзуапп.