Ираклий Къобахидзе æнхъæлы, цæмæй конституцион ивддзинæдтыл законопроекты каст æмæ халæппæрст 29 июны фæуыдзæн
Парламентон фылдæрты уæнгы, Ираклий Къобахидзейы хъуыдымæ гæсгæ, æвзарæнон системæйы ивды нысанæй, бацæттæгонд конституцион ивддзинæдты парламентон каст 21 июны райдайдзæн, ивддзиндæты æртæ хъусынæй каст æмæ сыл хъæлæскæнынад 29 июны фæуыдзæн.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Кобахидзе куыд фекхъусын кодта уымæ гæсгæ, зæгъгæ иннæ дыууæ къуырийы дæргъы, конституцион ивддзинæдты æппæтадæмон касты фæдыл, дыууæ фембæлд ацæудзæн æмæ уыдзысты телеуынынадон форматæй.
Кобахидзе хъусдард здахы контситуцион ивддзинæдты халæппæрсты «Националон Змæлды» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» хайады æрдæм æмæ дзуры, цæмæй вæццæгæн зæгъгæ æнæуыдон дæр уыдзæн гæнæн ивддзинæдты райсын уый тыххæй, цæмæй 117 депутаты, нырид сбæлвырд кодтой инициативæимæ разыдзинад.
8 марты хицауад æмæ оппозицийы æхсæн бадзырдæй, Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой 120/30 системæйæ.