Ираклий Къобахидзе – Æнæфхæрдæй ничи баззайдзæн, фыдгæнджыты рабæрæг кæнынæн нæм бирæ фылдæр ресурстæ ис, суанг фаронмæ абаргæйæ, фароны размæ, закъон сæ ныхмæ тынг карзæй архайдзæн
Æнæфхæрдæй ничи баззайдзæн, фыдгæнджыты рабæрæг кæнынæн нæм бирæ фылдæр ресурстæ ис, цас нæм уыд суанг фарон, иу аз раздæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе парти «Гуырдзиаг бæллиццы» офисы арæзт брифингыл расидтис.
Къобахидзейы расидæнмæ гæсгæ, бирæ адæймаг хъуамæ æнхъæлмæ кæса æфхæрдмæ уыцы тыхмийы тыххæй, кæцы сарæзтой паддзахады æмæ барадхъахъæнджыты ныхмæ.
“Куыд зонут, афтæмæй ныридæгæн æрцахстой цалдæр адæймаджы. Фыццаджыдæр, уыдон сты паддзахады ныппырх кæныны фæлварæны организатортæ. Афтæ дæр мæ фæнды алкæй зæрдыл æрлæууын кæнын, цæмæй æнæфхæрдæй ничи баззайдзæн. Фыдгæнджыты сбæрæг кæнынæн нæм бирæ фылдæр фæрæзтæ ис, суанг фарон, ивгъуыд аз дæр куыд уыд, уымæй. Уымæ гæсгæ, бирæтæн бахъæудзæн æнхъæлмæ кæсын æфхæрдмæ, цы тыхми сарæзтой, уый тыххæй æмæ барадхъахъхъæнæг органты ныхмæ. тынг карзæй архайут сæ ныхмæ», -расидтис Ираклий Къобахидзе.