Ираклий Къобахидзе - æхсæнадæмон партнертæн банхъарыдыстæм, цæмæй ветойы процедурæйæ спайда кодтаиккам позицитæ схатдзæг кæнынæн, фæлæ Саломэ Зурабишвили алыхуызæн тыгъдад сæхгæдта дискуссийæн
Не нхъарæн уыдис æхсæнадæмон партнертæм, цæмæй ветойы процедурæйæ спайда кодтаиккам цæмæй æрдзырдтаиккам, фæлæ Саломэ Зурабишвили гуырымыхъхъ йыл сæвæрдта вето закъоныл, цæмæй дæр, хъыгагæн, алыхуызæн фæндаг сыхгæдта дсикусситæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны преьмер-министр Ираклий Къобахидзе хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьеры дзырдæй, оппоненттæ максималонæй сæхи дард дарынц закъоныл дискусситæй.
«Анæиухатт фæныхас кодтам ууыл, цæмæй социологион рафарстмæ гæсгæйæ, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонимæ разы у Гуырдзыстоны цæрджыты 60 %-æй фылдæр. Йæхæдæг æргомдзинады идеяимæ, æнæхицауадон органихзациты æргомдзинадимæ разы сты цæрджыты 80%-æй фылдæр. Закъоны тыххæй куы зæгъæм, уæд закъонмæ разы сты цæрджыты 60%-æй фылдæр. Уый тыххæй дæр цæрджыты фылдæры хайы раст хъуыды æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уа. Уыймæ хисæрмгаонд хъуыды у.
Уый æппæты нысаниуæгыл амоны уый дæр æмæ оппонпенттæ максималонæй сæхи дард дарынц дискуссийæ. Парламенты куы цыдис дискусси, дебаттæ закъоны тыххæй, оппоненттæ алцыппæт арызтой, цæмæй рæстæм дискусси ма уыдаит. Афтæма сæрмагонд банхъырдтæн дипломаттæн, райстаиккой хайад закъононпроектыл æхсæнадон дискуссийы, фæлæ, хъыгагæн, ницы дзуапп уыдис.
Афтæма, Саломэ Зурабишвили сæвæрдта вето закъоныл, цæмæй дæр алыхуызæн фæндаг дискуссийæн сæхгæдта. Не нхъарæн уыдис æхсæнадæмон партнертæм, цæмæй ветойы процедурæйæ спайда кодтаиккам позициты схатдзæг кæнынæн, фæлæ Саломэ Зурабишвили гуырымыхъхъ вето сæвæрдта закъоныл, цæмæй дæр практикон алы фæндаг дискусиийæн æрыхгæдта», – загъта Гуырдзыстоны премьеры бынатыл æвæрд Ираклий Къобахидзе.